«Agile Spirit 2023»  уæлдæфон-десантон компоненты уынинаг ахуырæй  райдыдта
«Agile Spirit 2023» уæлдæфон-десантон компоненты уынинаг ахуырæй райдыдта

Гуырдзыстон бирæнацион ахуыртæн «Agile Spirit 2023»-æн нырид   иуæндæсæм хатт фысым кæны.  Ахуырты фæлгæтты  фыццаг  уынинаг   компонент   Вазианийы  æфсæддон  аэродромы территорийыл ацыд.

АИШ-ы æфсады  европаг сæрдарады  173-æм  десантон  бригадæйы ротæ  С-17  бирæфункцион æфсæддон  транспортон  хæдтæхджытæй  уæлдæфон-десантон   ахуыр ауагъдта.  Десанты  раргъæвды  операцимæ, Вазианы сæ  цæст дарттой,  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  тыхты  сæрдар,  инæлар-майор  Гиорги Матиашвили, Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвар  Келли Дегнан  æмæ  хъахъхъæнынады атташе,  булкон  Джозеф  Билбо, хъахъхъæнынады  тыхты   къухдариуæггæнæг  уæнгтæ, афтæма  ахуырты гуырдзиаг æмæ  америкаг  къухдариуæггæнджытæ.

Agile Spirit 2023 НАТО-Гуырдзыстоны  ахуырты  æмæ аргълæвæрды иумæйагон центры (JTEC) фæзыл  байгом ис.  Ахуырты  хайадисæг  21 бæстæйы  æфсæддæттæм арфæйы ныхæстæй  раздæхтысты  хъахъхъæнынады тыхты   инæлар-майор  Гиорги Матиашвили æмæ  хъахъхъæнынады министры хæдивæг  Григол Гиоргадзе.