Религион къорды лидер, кæцыйы Хуссар Кореяйы коронавирусы ахæлиуы аххосджын кæнынц, хатыр ракуырдта
Религион къорды лидер Ли Ман-Хи, кæцыйы Хуссар Кореяйы коронавирусы ахæлиуы зылынджын кæнынц, хицауад æмæ адæмæй хатыр куры. Уый фæдыл куырдиат Ли Ман-Хи сарызта сæрмагонд пресс-конференцийыл.
«Алы амæлттæй бацархайдтам, фæлæ вирусы ахæлиуы бауромын уæддæр не сфæрæзтам», – райхъусын кодта Ли Ман-Хи.
Дзырдæй ралæуды фæстæ Ли Ман-Хи йæ уæрджытыл æрлæууыд æмæ хатыр ахæм формæйæ ракуырдта.
Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Хуссар Кореяйы коронавирусы фæстиуæгæн фæмард 26 адæймаг, 479–ы онг та райрæзтис ног инфициргондты нымæц. Вирусæй инфициргондты фылдæр Шинчонджийы номæй бæрæг кувæндоны фæдонтæ кæнæ сæ хæстæджытæ сты.
«Ал Джазирайы» хъусинагæй, фæнысангонд религион къорды лидеры ныхмæ фæдæвзарын ныридæгæн райдыдта. Хицауад куыд бæлвырд кæны, афтæмæй, Ли Ман-Хи коронавирусы тасы фæдыл, религион къорды уæнгтæн афоныл æмæ раст информаци нæ базонын кодта.