«Радио Сæрибардзинад» – Еврокамиссар Марта Кос нæ цух кæны Гуырдзыстонимæ сæрибар базарады бадзырды ногæй бакæсын, афтæ дæр нæ цух кæны «Гуырдзиаг бæллицимæ» контактты сног кæнын
«Мæ бон нæу сразы уæвын, цæмæй фесафæм Гуырдзыстон» -расидтис «Радио Сæрибардзинад»-имæ эксклюзивон интервьюйы рæстæджы еврокомиссар Марта Кос расидтис.
Уый загъта, зæгъгæ, Брюссель хъуыды кæны кандидаты статус æруромыныл æмæ базарадон бадзырд (DCFTA) ногæй рафæлгъауыныл, куыд демократон фæстæмæздæхты дзуаппы мадзæлттæ, фæлæ у «къæрцхъус».
Уыимæ иумæ, еврокомиссар Марта Кос нæ цух кæны Гуырдзыстоны «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауады минæвæрттимæ бæрзонд æмвæзады контактты сног кæнын, кæцытæ 2024-æм азæй урæд сты.
RFE/RL-ы Европæйы редактор Рикард Йозвиак бафарста Еврокамисары, цæмæй ноджы цы хъуыды кæны Брюссель Гуырдзыстоны демократон фæстæмæздæхты дзуаппæн, ныридæгæн райсгæ мадзæлттæй уæлдай. Марта Косы ныхæстæм гæсгæ, «ис бирæ гæнæнтæ», фæлæ ацы уавæры «мах стæм тынг къæрцхъус».
«Махæн нæ бон уыдаит, зæгъæм, визæты либерализаци фæстæмæ æрæвæрын, фæлæ зиан æрхæсдзыстæм цæрджыты фылдæр хайæн. Уый фæстæ, махæн ис Арф æмæ Æппæтвæрсыг Сæрибар Базарады Зоны Бадзырд (DCFTA). Махæн нæ бон уыдаит уыцы бадзырдмæ æркæсын. Уый фæстæ, Гуырдзыстонæн нырма ис кандидаты статус. Уæдæ, махæн нæ бон у йæ ныууазал кæнын, Турчы хуызæн тупик саразын. Адон сты гæнæнтæ» – райхъусын кодта Европæйы къамис.
«Нæ мæ зæрдæмæ цæуы, хицауад адæмы куы нæ нымайы. [Гуырдзыстоны] адæмæн стыр фæндон ис европæйаг фæндагыл ацæуын. Мах адарддæр кæндзыстæм кусын ацы хъуыддагыл. Мæ бон нæу райсын, цæмæй гæнæн ис æмæ фесæфтаиккам Гуырдзыстон, кæд æмæ хицауад иу иннæйы фæдыл закъæттæ исы, кæцытæ бæлвырдæй ныхмæлæууæг сты европæйаг аргъдзинæдтæн», — загъта Марта Кос.