Марта Къос  – æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад аивдзæн «фæсарæйнаг æндæвдады» æмæ «аргъдзинæдтæ æмæ бинонты» закъæттæ
Марта Къос – æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад аивдзæн «фæсарæйнаг æндæвдады» æмæ «аргъдзинæдтæ æмæ бинонты» закъæттæ

Æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад аивдзæн «фæсарæйнаг æндæвдады» æмæ «аргъдзинæдтæ æмæ бинонты» закъæттæ, – уый фæдыл, европарламентариты фарстытæн дзуаппы рæстæджы   расидтис  Марта Къос, кæцы Еврокамисы ног сконды, ауæрæхдæр кæныны тыххæй Еврокамисары бынатмæ у раразмæгонд.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, гуырдзиаг адæм ныфс ма хъуамæ фесафой.

«Мæнмæ ис фидиуæн гуырдзиаг адæмæн – ныфс ма фесафут. Цæттæ стæм рауæрæх кæныны процесс адарддæр кæнынмæ. Фыццаг уавæр, кæцы хъуамæ æххæстгонд æрцæуа, уый у, цæмæй нын Гуырдзыстоны хицауад равдиса, цæмæй сæм ис фæндон ацы фæндагыл ацæуынæн, æмæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй уыдон аивдзысты уыцы дыууæ закъоны, кæцытæ райстой – «Фæсарæйнаг æндæвдады» æмæ «Аргъдзинæдтæ æмæ бинонтæ» ” закъæттæ. Ацы закъæтты аивын уыдаит фыццаг нысан, æмæ цæттæ стæм Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ фæндагæн йæ фарсыл рахæцын.

Мах бацæттæ кодтам финансон пакет æрмæст хицауадæн æмæ реформæтæн нæ фæлæ ма æмбæстагон æхсæнадæн дæр. Мæнмæ гæсгæ нырма ницы фæцис. Ныфс мæ ис, европарламенты фарсылхæцындзинадæй дарддæр кæндзыстæм Гуырдзыстонæн æххуыс кæнын», – расидтис Марта Къос.

Марта Къос Оливер Вархейы раивдзæн Европæйы къамисары рауæрæхдæр кæныны фæдыл, Вархей йæхæдæг та æнæниздзинады къамисарæй раразмæгонд у.