Марта Къос – «Гуырдзиаг бæллиццы» закъондæттæн ивæндзинæдтæ ноджы тынгдæр фæцудын кæндзысты æмбæстæгты ныхасы æмæ æмбырдты сæрибардзинад
«Гуырдзиаг Бæллиццы» бавдыст закондæттæн ивæндзинæдтæ ноджы тынгдæр фæцудын кæндзысты æмбæстæгты сæрибар ныхасы æмæ æмбырдты бартæ, – уый фæдыл социалон хызæгты фыссы еврокомиссар Марта Къос.
Йæхи аргълæвæрдмæ гæсгæ, фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны цы цаутæ цæуы, уыдон сты сагъæссаг.
«Мах сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, йæ фæндаг аива æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы æрдæм фæндагмæ æрыздахой, гуырдзиаг адæмы фæндонæн аргъ кæнгæйæ», – фыссы Марта Къос.