Carnegie Europe - Марта Косы фæндон транспортон бастдзинады форматы тыххæй, кæцыйы хайад исынц Евроцæдис, Армени, Азербайджан æмæ Турк, у æмбæлон, фæлæ æнæ Гуырдзыстонæй картæ æнæххæст у
Carnegie Europe - Марта Косы фæндон транспортон бастдзинады форматы тыххæй, кæцыйы хайад исынц Евроцæдис, Армени, Азербайджан æмæ Турк, у æмбæлон, фæлæ æнæ Гуырдзыстонæй картæ æнæххæст у

Хуссар Кавказы цæдисы фæдыл ерысты Европæ фæстейæ лæууы, – ахæм сæргондимæ Carnegie Europe публикаци кæны уæрæх æрмæг, кæцы Гуырдзыстоны тыххæй дæр ныхас кæны.

Статьяйы ис фыст, цæмæй АИШ-ы вице-президент Дж.Д. Вэнсы визит Сомихыстонмæ æмæ Азербайджанмæ, афтæ дæр «Трампы фæндаг» амбицитыл амонынц, кæцытæ АИШ-æн ис ацы регионмæ ахасты, кæцы йæхи рады дзурæг у ууыл, цæмæй Европæйы нæй стратегион цæстæнгас.

«Хъыгагæн, Европæйæн, кæцыйæн регионы бирæ фылдæр финансон фæрæзтæ ис, йæ бон нæ баци Трампы фæндаджы йæхи верси саразын.Европæ нырма дæр фæсте аззайы», – фыссы автор.

Авторы хъуыдымæ гæсгæ, Трампы фæндаг æфсæнвæндаджы бастдзинадæй бирæ фылдæр нысан кæны. Уымæ гæсгæ Европæйæн йæ бон уыд саразын «Хуссар Кавказы арæны инфраструктурæйы фонд», цæмæй финансгонд æрцæуой таможнæйон терминалтæ, сканертæ, логистикон центртæ æмæ нымæцон арæнгæрон системæтæ.

«Уæрæхдæр стратегион регионалон ахаст у Евроцæдисæн йæ ахастытæ Гуырдзыстонимæ сног кæныны фæндаг. 2025 азы кæронмæ Европæйы комиссар Марта Кос бавдыста цыппарфарсон транспортон бастдзинады формат, кæцыйы хайад исынц Евроцæдис, Армени, Азербайджан æмæ Турк. зæгъы.