Паризы прокуратурæйы Эммануэль макроны партийы уæнгон бахасты фæдыл хъуыддаг æвзарын райдыдтой

Паризы  прокуратурæйы  Эммануэль макроны   партийы   уæнгон бахасты  фæдыл хъуыддаг æвзарын райдыдтой.  Europe1 куыд хъусын кæны афтæмæй,    æвзарæнон кампанийы   хыгъдты кантролы  камис,  президенты парти  «Размæ Республикæйы»  æрдæм  арæзт  уæнгон бахастыты  фæд  равзарын  нæ  бахъом ис.

Бæрæг куыд у афтæмæй,  144 мин  евройы  фиддоны   партий 2017  азы  райста.

Закъонмæ гæсгæйæ,   иу  спонсорæн, конкретон партийæн 7,5 мин  евройæ  фылдæр  снывонд кæныны  бар нæй.

Радиостанцæ Europe1 куыд хъусын кæны афтæмæй,   Паризы  прокуратурæ растдæр   фæнысангонд фарста æвзары.  Хъуыддаг  не ххæссы  махинацимæ кæнæ æнæзакъонон  финансдзинадмæ.  Прокуратурæйы фæнды  æрмæстдæр 144 мин евройы  фæд базонын.

Политикон парти «Размæ Республикæ»  Францы архайæг  президент,  Эммануэль Макрон, 2016 азы  сарызта.