Эммануэль Макрон - Европæйы фидæн ма хъуамæ аскъуыддзаг кæной Вашингтоны кæнæ Мæскуыйы
Эммануэль Макрон - Европæйы фидæн ма хъуамæ аскъуыддзаг кæной Вашингтоны кæнæ Мæскуыйы

Европæйы фидæн Вашингтоны кæнæ Мæскуыйы хъуамæ ма аскъуыддзаг кæной, – уый фæдыл Францы президент Эммануэль Макрон расидтис.

Макрон расидтис, цæмæй хъахъхъæнынады æнæ хъалонтæ фæфылдæр кæнгæйæ хъæуы уæлæмхасæн инвестицитæ.

«Мах бахъæудзæн саразын ног бюджетон æвзæрстытæ æмæ уæлæмхасæн инвестицитæ, кæцытæ ныр систы æнæмæнгхъæуæг». Уыдон уыдзысты ног инвестицитæ, кæцытæн хъæуы сæрмагонд финансирдзинады мобилизаци, фæлæ ма паддзахадон финансирдзинад хъалонтæ нæ фæфылдæр кæнгæйæ. Уый тыххæй хъæудзæн реформæтæ.

Мах баззайæм æнæфæцудгæ нæ партнерты НАТО æмæ АИШ-имæ, фæлæ хъуамæ фылдæр саразæм. Хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фарстаты хъæуы хæдбардзинад фæтыхджындæр кæнын. «Европæйы фидæн Вашингтоны кæнæ Мæскуыйы ма хъуамæ скъуыддзаг кæной», – райхъусын кодта Макрон.