Эммануэль Макрон хъусын кæны, цæмæй уый æмæ Кир Стармер Украинæйы иу мæйы дæргъы æхсты фæурæды инициативæ бавдыстой
Францы президент Эммануэль Макрон æмæ Стыр Британийы премьер-министр Кир Стармер Украинайы иу мæйы дæргъы æхсты фæурæды фæндон æнхъарынц. Уый фæдыл информаци францаг рауагъдад «Le Figaro» хъусын кæны.
Le Figaro-имæ интервьюйы Макрон загъта, зæгъгæ, йæхæдæг æмæ Стармер хъавынц иу мæйы дæргъы æхсты фæурæды фæндон, «уæлдæфы, денджызы æмæ энергетикон инфраструктурæйыл æхстытæ фæурæд».
Макрон банысан кодта, цæмæй æхсты фæурæд уыдзæн фыццаг этап, æфсæддонты æрвыст сабырад сифтонг кæныны тыххæй та фæстæдæр æрцæудзæн.
«Хæстæгдæр къуыритæм Украинæйы территорийыл европæйаг æфсæддонтæ нæ уыдзæн». «Фарста уый мидæг ис, цæмæй куыд спайда кæндзыстæм ацы рæстæгæй, цæмæй бафæлварæм гæнæн æхсты фæурæд, бадзырдты фæрцы, кæцытæ ахæсдзысты цалдæр къуыри, æмæ уый фæстæ, сабырадон бадзырдыл къухтæ æрфыссыны фæстæ, сырæздзæн æфсæддонты æрвыст», – райхъусын кодта Макрон.
Украинæйы президент Владимир Зеленский, Стыр Британийæ ацæуыны размæ журналисттимæ ныхасы рæстæджы расидтис, цæмæй Макрон æмæ Стармеры инициативæйы тыххæй йын фехъусын кодтой. Куы йæ бафарстой, зоныс æви нæ ацы планы тыххæй, зæгъгæ Зеленский дзуапп радта: «Æз алцыппæт зонын».
Уымæй дарддæр ма, Францы президент хъуыды кæны, цæмæй европæйæгтæ хъуамæ фæфылдæр кæной сæ хъахъхъæнынады бюджет. «Фæстаг æртæ азы уæрæсейæгтæ хъахъхъæнынадыл хардз кæнынц сæ мидæггагон продукты дæс проценты». «Уый тыххæй хъæуы фидæнмæ бацæттæ кæнын, æртæ кæнæ 3,5 проценты бæрц нысан сæвæрын», — банысан кодта Макрон.