Эммануэль Макрон – Гуырдзыстонмæ 2008-æм азы ныббырстæй фæстæмæ, Путин арæх не' ххæст кодта йæ ныфсæвæрдтæ, цæмæй удæгасæй баззайа, уый тыххæй хъуамæ дарддæр хæра, Уый у тугдзых нæ дуары раз
Францы президент Эммануэль Макрон Уæрæсейы президенты схуыдта «тугдзыхæй». Уый зæгъы, цæмæй 2008-æм азы Гуырдзыстонмæ ныббырстæй фæстæмæ, Путин арæх не’ ххæст кодта йæ ныфсæвæрдтæ æмæ тырныдта арæнтæ аивынмæ, цæмæй йæ хъомыс фæфылдæр уа.
«Цæмæй фервæза, уый тыххæй хъуамæ дарддæр кæна хæрын, уый у нæ дуары цур уæвæг тугдзых монстр» – райхъусын кодта Макрон францаг медиимæ интервьюйы.
Эммануэль Макроны ныхæстæм гæсгæ, «Уæрæсе ссис æнæрлæугæ дестабилизацигæнæг тыхæй æмæ махæй бирæтæн потенциалон тас у».
«2007-2008 азтæй президент Путин арæх не’ ххæст кодта йæ ныфсæвæрдтæ.Уый у иудадзыг дестабилизацигæнæг тых æмæ тырны арæнтæ раивынмæ, цæмæй йæ хъомыс фæуæрæхдæр уа», — загъта Макрон.
Уыимæ иумæ, Макрон хъуыды кæны, цæмæй Украинайы æнæфæцудгæ сабырадæн хъæуы дыууæ хуызы æдасдзинады гарантитæ: Киевæн тыхджын æфсад æмæ европæйаг æфсæддонты фарсылхæцындзинад.
Макрон æмбарын кæны, цæмæй Украинæйæн тагъд сабырадон бадзырды ныхмæ у æнæ æууæнкджын æдасдзинады гарантитæй.
«Сабырад хъуамæ ма уа тагъд æмæ хъуамæ уа фидар гарантитæ, науæд райдайæнмæ æрыздæхдзыстæм» – райхъусын кодта Эммануэль Макрон.
Уымæй дарддæр ма, Эммануэль Макрон NBC News-æн интервьюйы расидтис, цæмæй кæд æмæ æнæ æдасдзинады гарантитæй сабырадон бадзырд уыдзæн, уæд Уæрæсе йæ ныхас никуы сæххæст кæндзæн.
«Мах зонæм, цы нысан кæны æдасдзинады гарантиты æнæуæвынад. Уый уыд Гуырдзыстон 2008 азы, уый уыд Хъырым 2014 азы. Абсолютонæй бæрæг у, цæмæй кæд исты сабырадон бадзырд уыдзæн æнæ æдасдзинады гарантитæй, уæд Уæрæсе никуы сæххæст кæндзæн йæ ныхас, никуы сæххæст кæндзæн йæ хæстæ. Уый махæн критикон у æмæ уый у æнæмæнгхъæугæ хай цыфæнды бадзырды Украинæйæн æмæ нæ хицæуттæн. æдасдзинад» – райхъусын кодта Эммануэль Макрон.