Эммануэль Макрон æрсидтис 30 бæстæйы бæрц гарзджын тыхты къухдариуæггæнджытæм Украинæйæн æдасдзинады гарантиты пълан бакусынмæ
Эммануэль Макрон æрсидтис 30 бæстæйы бæрц гарзджын тыхты къухдариуæггæнджытæм Украинæйæн æдасдзинады гарантиты пълан бакусынмæ

Францы президент Эммануэль Макрон Парижы æрæмбырд 30 бæстæйы гарзджын тыхты къухдариуæггæнæгмæ æрсидтис, цæмæй сарæзтаиккой ахæм пълан, кæцы Украинæйæн «æууæнкджын æдасдзинады гарантитæ» снысан кæндзæн.

Уый фæдыл Францаг медиа парахат кæны.

Макрон ма банысан кодта, зæгъгæ, «сабырадон бадзырдтæ фæтагъддæр кæныны хъуыддаджы» хъæуы «концепцийæ пъланмæ ахизын», цæмæй сбæлвырд уа æууæнкджын æдасдзинады гарантитæ, кæцытæ фадат ратдзысты Украинæйы æнæфæцудгæ æмæ æнæфæцудгæ сабырад саразынæн.

Францаг медиа куыд хъусын кæны афтæмæй,  Макроны  инициативæйæ, Украинæйы  сабырады  гарантитæ раттынмæ цæттæ  бæстæты  гарзджын тыхты  сæргълæуджыты  фембæлд сырæзт.