Гуырдзыстоны хихъахъæнады министр Бельгийы Паддзахады ис. Ираклий Чиковани Брюсселы Рамштейны форматы 35-æм фембæлды хайад иста. Уый фæдыл информаци хихъахъæнады министрад парахат кæны.
«Украинайы хихъахъæнады контакт къорды фембæлдæн фысым кæнынц Германийы хихъахъæнады министр Борис Писториус æмæ Иугонд Паддзахады хихъахъæнады паддзахадон нымæрдар Дэн Джарвис, фембæлды хайадисджытæм раныхас кодта Украинæйы президент Владимир Зеленский, афтæ дæр раныхас кодтой НАТО-йы генералон нымæрдар Марк Рутте æмæ АИШ-ы хихъахъæнады министры хæдивæг Элбридж Колби.
Фембæлдыл хайад райстой хъахъхъæнынады уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ альянсы уæнг æмæ партнер бæстæты бæрзонд бæрнонтæ.
Фембæлды хайадисджытæ æркастысты Украинæйы хæсты уæвæг уавæрмæ æмæ æруынаффæ кодтой æфсæддон æххуысы хъуагдзинæдтыл.
Рамштейны формат арæзт æрцыд 2022 азы апрелы Америкæйы Иугонд Штатты хъæппæрисæй. 2025-æм азы 13-æм февралæй йæ координир кæны Иугонд Паддзахад, Германиимæ иумæ» – ис фыст хихъахъæнады министрады расидæны.