Ираклий Чиковани хайад райсдзæн Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны æртæфарсон хъахъхъæнынады министериалы Анкарайы
Гуырдзыстоны хицауады сæрдары хæдивæг æмæ хихъахъæнады министр Ираклий Чиковани Туркы республикæмæ ацыд.
Хъахъхъæнынады министрады пресс-куыст куыд хъусын кæны афтæмæй, ацы аз Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны æртæфарсон хихъахъæнады министнериалы фысым Турчы сæйраг сахар Анкарайы уыдзæн.
«Æртæ бæстæйы хихъахъæнады министртæ стратегион партнердзинады фарстатыл æмæ æртæфарсон форматы æмкуыстдзинады размæцыды плантыл æруынаффæ кæндзысты.
Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрады сæргълæууæг дыууæфарсон фембæлдтæ дæр ауадздзæн йæ туркаг æмæ азербайджайнаг коллегæтимæ – Яшар Гюлер æмæ инæлар-булкъон Закир Хасановимæ.
Æртæфарсон фембæлды фæстæ, министртæ иумæйаг деклараци бафысдзысты æмæ расидæнтæ сараздзысты.
Хъахъхъæнынады æртæфарсон министрады рабадт æрвылаз дæр уагъд цæуы Азербайджаны, Турчы æмæ Гуырдзыстоны ротацион бындурыл. Азербайджан фидæн азы хихъахъæнады министрады фембæлдтæн фысым уыдзæн» – ис фыст хихъахъæнады министрады расидæны.