Гуырдзыстоны парламенты делегаци Бельгийы парламенты æмæ æттаг хъуыдтæгты министрады фембæлд сарæзта
Гуырдзыстоны парламенты делегаци Бельгийы парламенты æмæ æттаг хъуыдтæгты министрады фембæлд сарæзта

Гуырдзыстоны парламенты æттаг ахастыты комитеты сæрдар Самхарадзе Николоз æмæ Евроинтеграцийы комитеты сæрдар Махашвили Леван фембæлдтæ ауагътой Бельгийы минæвæртты палатæйы æттаг хъуыдтæгты комитеты сæрдары хæдивæг Кэтлин Депутеримæ, æмæ дæллаг палатæйы уæнгимæ  Вернер Зомеримæ, афтæ ма фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттимæ.

Фæрстæ парламентон дипломатийы æмæ закондæттæг органты æхсæн æмкуыстдзинад фæарфдæр кæныны гæнæнтыл, дыууæфарсон боны фæткы рауæрæх кæныны перспективæтыл æмæ Гуырдзыстоны æмæ регионы цæугæ цаутыл фæуынаффæ кодтой.

Уымæй  дарддæр ма  Гуырдзыстон-Евроцæдисы  партнердзинадыл, Гуырдзыстоны  евроинтеграцийы  фæндагыл  цы  къахдзæфтæ  арæзт æрцыд,  æмахастыты  æвзæрстытæ  æмæ бахахх кодтой  æххæстбарджын  диалогы  æнæмæнгхъæуындзинад.