Тамазашвили Сулхан миграцийы управленийы бæрзонд бæрнонтимæ кусæг фембæлд сарæзта
Миграцион департаменты мидхъуыдтæгты министр Тамазашвили Сулхан, министры хæдивæг Александре Дарахвелидзеимæ иумæ бабæрæг кодта.
Тамазашвили Сулхан ведомствæйы къухдариуджытимæ кусæгон фембæлд сарæзта æмæ дæлхайады æххæстгонд реформæтыл фæныхас кодта.
«Мидхъуыдтæгты министр бахахх кодта, цæмæй æнæзаконон миграцийы ныхмæ тох нырма дæр у Гуырдзыстоны хицауады приоритетон здæхтæй иуæй.Рамбæлдыл афтæ дæр банысан ис, цæмæй фæтыхджындæргонд закъондæттæн базæ æмæ сноггонд инфраструктурæ ноджы эффективондæр сарæзтой æнæзаконон миграцийы ныхмæ тох», -ис фыст мидхъуыддæгты министрады расидæны.
Минитсрады информацимæ гæсгæ, визиты рæстæджы мидхъуыдтæгты министр миграцион управленийы ног административон бæстыхайы æмæ сноггонд хæдтулгæты парк басгæрста.
Тамазашвили Сулхан бузныг расидтис ведомствæйы кусджытæн сæ фæстиуæгджын куысты тыххæй.