Гуырдзыстоны парламенты делегаци хайад райста хурыскæсæн партнерты парламентон ассамблейы  рабадтыты
Гуырдзыстоны парламенты делегаци хайад райста хурыскæсæн партнерты парламентон ассамблейы рабадтыты

Евронесты  парламентон ассамблейы  Гуырдзыстоны  парламенты иудадзыгархайæг  делегаци, Мака Бочъоришвилийы   къухдариуæгæй, европарламенты  уагхд  хурыскæсæн  партнерады парламентон ассамблейы  комитетты рабадтыты райста хайад.

Парламенты пресскуысты  информацийæ,   Евронесты  парламентон асаамблейы  рабадтыты  европарламенты уæнгтæ æмæ афтæдæр хайад истой Гуырдзыстоны, Украинайы, Молдовæйы, Азербайджаны æмæ Сомиыстоны  парламентты уæнгтæ.

Ассамблейы  политикон комитеты рабадт Мака Бочъоришвилийы  æмсæрдариуæгæй  ацыд.  Рабадтыл  Уæрæсе-Украинайы  хæсты фæстæ, зурыскæсæн  партнерады фидæныл фæуынаффæ кодтой.  Æркастысты Уæрæсе-Украианйы  хæсты  æндæвдад  хурыскæсæн партнерады бæстæты  экономикæйыл, регионы  уæвæг   æдадсзинады расидтытæ  Гуырдзыстонæн,  Молдовæ æмæ Украинайæн Евроцæдисы  уæнгсуæвыны  перспективæтæ.

Евронесты парламентон ассамблейы  бюройы  рабадт  Европарламентариты æмæ   хурыскæсæн  патнерты делегациты къухдариуæггæнджыты æмхайадæй  ацыд,  кæцыйыл  хурыскæсæн партнерады бæстæты  фæстаг  периоды  нысаниуæгджын фарстатæ  æркастысты.

Информаци хуъсын кæны Гуырдзыстоны  парламенты пресскуыст.