Гуырдзыстоны  парламенты делегаци Прагæйы, Хъырымы  æхсæнадæмон  платформæйы парламентон саммиты райсдзæн  хайад
Гуырдзыстоны парламенты делегаци Прагæйы, Хъырымы æхсæнадæмон платформæйы парламентон саммиты райсдзæн хайад

Гуырдзыстоны парламенты делегаци, Арчил Талакъвадзейы  къухдариуæгæй  Хъырымы  æхсæнадæмон  платформæйы  дыккаг  парламентон   саммиты  хайад райсыны нысанæй Прагæйы ис.  Информаци  Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст хъусын кæны.

Афтæма сæ  хъусинагæй, æртæ азы Украина æмæ Чехы  организацигондæй  цæуы. Саммиты тнысан у, координацидзинад скæнын   Украинайæн  солидарондзинады æмæ  фарсхæцын равдыстæн.  Хъырымы   æхсæнадæмон платформæйæн йæ нысан у  Хъырымы  цæугæ  оккупацийыл æхсæнадæмон  реагиркæныны  эффективондзинад фæхуыздæр кæнын æмæ æдасдзинады расидтыл  реагиркæнын.  Украинайы  фарсхæцынæн  Прагæйы  парламентаритæ  æнæхъæн Европæйæ  æрыбырд уыдзысты.

Саммиты хайад расынмæ  парламенты сæрдары хæдивæг, Украинаимæ хæлардзинады кхорды къухдариуæггæнæг  Арчил Талакъвадзе, Европæйимæ интеграцийы комитеты  сæрдар Мака Бочъоришвили   æмæ æддагон  комитеты  сæрдары фыццаг  хæдивæг  Мариам Лашхи  араст сты.

Саммиты фæлгæтты Гуырдзыстоны парламенты делегацийы  къухдариуæггæнæг  Арчил Талакъвадзе  хайадисджытæм баздæхдзæн  æмæ фæныхас кæндзæн  куыд   Украинайы  цæугæ фæзындтыл, афтæ Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы  Евроцæдисмæ  интеграцийыл.

Визиты фæгæтты  Гуырдзыстоны парламенты делегацийы  минæвæрттæ коллегæтимæ дыууæфарсон  фембæлдтæ ауадздзысты.