Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани официалон балцы ис Сомихыстон. Ираклий Чикованийы фысым кæны йæ ирон коллегæ Сурен Папикян.
Арфæйы церемонийы фæстæ министртæ лæгæй-лæгмæ æруынаффæ кодтой хъахъхъæнынады æмгуыстад æмæ регионалон æдасдзинады фарстатыл. Ираклий Чиковани бузныг расидтис сомихаг фарсæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн йæ фарсылхæцындзинады тыххæй æмæ хъусдард аздæхта сыхаг бæстæты æхсæн æнгом бастдзинæдтæм.
Хъахъхъæнынады министрты ныхасы сæйраг темæтæй иу уыд регионы сабырад æмæ стабилондзинады ахсджиагдзинад. Ираклий Чиковани сбæлвырд кодта, цæмæй гуырдзиаг фарсы цæттæдзинад бахæсса регионалон æмгуыстады рæзтæн. Уый банысан кодта Вашингтоны Сомихыстон æмæ Азербайджаны æхсæн бафыст иумæйаг декларацийы историон нысаниуæг æмæ загъта, зæгъгæ, бадзырд зынгæ ахъаз кæндзæн Хуссар Кавказы дæргъвæтин сабырад æмæ стабилондзинад сфидар кæнынæн.
Уæрæхгонд форматы фембæлд сырæзт делегациты æхсæн, цыран фарсытæ Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны хихъахъæнады министрадты æхсæн уæвæг æмæ фидæны æмгуыстады фарстатыл дывæрсыг форматы фæныхас кодтой.
Официалон визиты фæлгæтты Ираклий Чиковани Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинянимæ фембæлдзæн.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрады пресс-куыст парахат кæны.