МХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй акцийыл æхсæнадон сæрфат халыны, барадхъахъхъæнджытæм ныхмæлæуды æмæ  æфхæрыны  тыххæй  14  гоймагы æрцахстой
МХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй акцийыл æхсæнадон сæрфат халыны, барадхъахъхъæнджытæм ныхмæлæуды æмæ æфхæрыны тыххæй 14 гоймагы æрцахстой

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады фидиуæнæй,  пъæлицæй парламенты цур акцийыл  14  уæнгы æрцахста.

Уагдоны æмбарын кæнынц, цæмæй  уыдон   администрацион барадсастыты   кодексы 166-æм æмæ   173-æм статитæм æмбæлгæйæ   сты  ахст.

«Барадхъахъхъæнджытæ  æнæиухатт  æрсидтысты  акцийы организацигæнджытæмæ æмæ хайадисджытæм, цæмæй бакоммæкастаиккой  мидхъуыддæгты министрады  минæвæртты  закъонон æркуырдмæ,  ма  рахызтаиккой  æмбырды æмæ дзырды  сæрибары  закъонæй бауадзинаг   фæлгæттæй, акцийы хайадисджытæ сæ зæрдыл нæ бадардтой  сæ  закъонон æркуырд,  фехæлдтой  æхсæнадон сæрфат, фæбыцæу сты барадхъахъхæнджытимæ æмæ  сæ  æфхæрдтой  дзырдæй,  цæй тыххæй  дæр, пъæлицæй  администрацион  барадсастыты кодексы  166-æм æмæ  173-æм статитæм æмбæлгæйæ  14 гоймагы æрцахста», – дзырдæуы мидхъуыддæгты министрады  фидиуæны.

Уыимæ МХМ-ы хъусинагæй, акцийыл  зиæнттæ райста мидхъуыддæгты министрады  иу кусæг.