Минскы оппозицион ахастдарæг журналист Роман Протасевичы æрцахстой, кæцыйы Белорусы хицауад аххосджын кæны массон змæст организацидзинады. Банысан кæнын хæъуы уый æмæ Протасевич авиакомпани «Райянэары» хæдтæхæгæй Афинæтæй Вильнюсмæ фæцæйтахтис, фæлæ борты рæмудзæн гарзæгы фæдыл хъусинагы тыххæй, хæдтæхæг аварионæй сбадтис Минскы аэропорты, цы ран уыйы барадхъахъъхæнджытæ æрцахстой.
Бортыл рæмудзæн гарзæгы не ссардæуыд. Белорусаг телеграм-канал «Пул-Первого»-йы хъусинагæй, президенты администрацийы барамындæй, хæдтæхæгы фæдыл аэропорты онг авиакуынæггæнæг – «Миг-29» зылдис. Банысчан кæнын хъæуы уый æмæ радары бæрæггæнæнтæй, хæдтæхæтг уыдис Лиетувæйы арæнтæм хæстæг, фæлæ йæ Минскъмæ раздæхтой.
Йæхæдæг Роман Протасевич рейсы размæ хъусын кодта, цæмæй аэропорты йыл цыдис цæстдард æмæ йæ паспорт æмæ документтæн къам айсын дæр архайдтой.
Роман Протасевичмæ Белорусы 15 азы онг ахстæй æфхæрд æртъхъирæн кæны.