МХМ- барадхъахъъхæнджытæ   66 уæнгы  æрцахстой
МХМ- барадхъахъъхæнджытæ 66 уæнгы æрцахстой

Барадхъахъъхæнджытæ  акцийыл  лыстæг хулигандзинады    æмæ пъæлицæй  закъонон æркуырдмæ æнæкоммæгæсы  фаткыл, администрацион барадсасты кодексы 166-æм æмæ 173-æм статитæм æмбæлгæйæ,   администрацион уагæй  66 уæнгы æрцахстой», –  уый фæдыл   дзырдæуы МХМ-ы  фидиуæны.

Афтæма  сæ хъусинагæй,   зноны  акцийыл   МХМ-ы дæсы онг кусæг фæцæф ис.

«Акцигæнджытæ  æнæхъæн æхсæвы дæргъы   æндæр æмæ æндæр локацитыл  халдтой   æхсæнадон  сæрфад  æмæ   быцæу лæууыдысты  пъæлицæй  кусджытæм. Акцийы  хайадисджыты  тыхон  архæйдтыты фæстиуæгæн, мидхъуыддæгты министрады  дæсы онг  кусæн   буары æндæр æмæ æндæр типы зиæнттæ  райстой. Цæф сты   æмбæстæгтæ дæр», – дзырдæуы   фидиуæны.