Медиайы хъусинагæй, Санкт-Петербургы кафейы æрцæугæ спырхы гуырысхогонд Дарья Треповайы æрцахстой
Санкт-Петербургы кафейы æрцæугæ стпырхы гуырысхогонд Дарья Трепова æрцахстой. Информаци хъусын кæны «ВВС».
Медиайы хъусинагæй, Уæрæсейы националон антитеррористон комитет спырхы схуыдта террористон актæй. Комитеты хъусинагæй, спырх, Украинайы спец-куыстыты плангонд уыд.
Уыимæ «ВВС»-ы информацийæ, Украинайы преизденты аппараты къухдариуæггæнæгы уынаффæгæнæг Михаил Подоляк, Петербургы æрцæугæ спырхы Киевы хайадыл нæзагъд ракодта æмæ йæ «мидтерроризмы актæй» схуыдта.
Санкт-Петербугы кафейы спырхы фæстиуæгæн уырыссаг пропагандист – блогер, Владлен Татарски амард.