Володимир Зеленски -  Бадзырдтæм нæ Минскмæ не рцæудзыстæм,  гъе уæд кæцыфæнды æндæр горæт уыцы бæстæйы, кæцæй дæр Украинайыл ракетæтæ не хсынц
Володимир Зеленски - Бадзырдтæм нæ Минскмæ не рцæудзыстæм, гъе уæд кæцыфæнды æндæр горæт уыцы бæстæйы, кæцæй дæр Украинайыл ракетæтæ не хсынц

Фæнды  нæ сабырдзинад, фембæлын, хæст кæрон скæнын, Варшавæ, Братислава, Будапешт, Стамбул, Баку, адон сты  горæттæ иууылдæр,  кæцытæ фембæлын дæр банхъарыдыстæм  уырыссаг фарсæню  Гъе уæд кæцыфæнды æндæр горæт уыцы бæстæйæ дæр,  кæцыйæ нæ бæстæмæ ракетæтæ  нæ  ратæхынц – уый фæдыл Украинайы  президент, Володимир Зеленски  райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй,   Украина Уæрæсеимæ Белорусы территорийыл нæ фембæлдзæни.

Видеосидты рæстæджы  Зеленски  белорус адæммæ  басидтис æмæ  уыцы аххосæгты тыххæй радзырдта,   цæмæй  йæ цæмæн нæ фæнды  Украинайы  Белорусы  территорийыл бадзырдтæ ауадзын.

«Уæ территорийæ  агрессивон архæйдтытæ  куыннæ  уыдаит, укæд нæ бон уыдис  бадзырдтæ ауадзын Минскы.  Нейтралон куы  уыдыстут уæд  ныхас  кодтам Минскы, бирæ  хæттыты  фембæлдыстæм, афтæ, сыхæгтау  ныхас кодтам.  Ныр сымах нырмадæр  нæ рахастат сæйраг уынаффæ. Уый  Уæрæсейы, Украина, Америкæ   нæ фæлæ  уæхи бар у,белорусаг адæмы бар.    Растдæр  уый  тыххæй  нæ уадздзыстæм бадзырдтæ Минскы. Фæз гæнæн ис  уа  кæцыфæнды æндæр горæт. Цæй  зæгъын æй хъæуы  фæнды нæ сабырдзинад, фембæлын, хæст кæрон скæнын. Варшавæ, Братислава, Будапешт, Стамбул, Баку, адон сты  горæттæ иууылдæр,  кæцытæ фембæлын дæр банхъарыдыстæм  уырыссаг фарсæню  Гъе уæд кæцыфæнды æндæр горæт уыцы бæстæйæ дæр,  кæцыйæ нæ бæстæмæ ракетæтæ  нæ  ратæхынц.  Æрмæст афтæ ис гæнæн  бадзырдтæ уой  рæстаг æмæ æцæгдæр  ис гæнæн хæст кæрон скæнын.  Раст æвзæрст саразут. Уырнæг дæн, уый у уе стыр нацийы  сæйраг æвзæрст» – райхъусын кодта Зеленски.

Уæрæсейы президенты пресс-спикер Дмитри Песков  абон райхъусын кодта, цæмæй   разыдзинадмæ æмбæлгæйæ,   Уæрæсейы  делегаци, украинæгтимæ бадзырдæ ауадзынæн, Белорусмæ ныццыд.