Володимир Зеленский – Абон Гуырдзыстон бирæбæрцæй фесæфт Европæйæн; чи зоны, искуы æрыздæха, фæлæ Европæ хъуамæ йæ цæст ма æрæхгæна
“Абон мах арфæ кæнæм Молдовайæн. Европæйы идея фæуæлахиз æвзæрстыты – нормалон æмæ стабилон националон рæзты идея”, — загъта Украинæйы президент Владимир Зеленский Варшавæйы æдасдзинады форумы видео-ныхасæй.
Зеленскийы ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы диверсион æндæвдад Европæмæ нал ахæлиу уыдзæн.
«Абон райсомæй ныхас кодтон Майя Сандуимæ æмæ йын раарфæ кодтон, Уæрæсе Молдовайы дестабилизаци кæнын кæй нæ бантыст, уый тыххæй, æнæкæсгæ уымæ, æмæ бæстæйы æнæфæцудгæ ресурстæ хардзгонд æрцыд æмæ йæ архайдтытæм, кæцытæ йæ бон уыд, уыдоны балхæнын. Ахсджиаг у, цæмæй ацы æвзæрстыты уæлахиз æрцыд æнæ Украинæ æмæ Молдавийы дих кæнгæйæ. Украинæ уыд абсолютон раст ацы хъуыддаджы, фыццаджыдæр, æмæ Польшæйæн. йæ фарсылхæцындзинады тыххæй ма ахсджиаг у, цæмæй раздæры олигарх, кæцы ацы бæстæ æмæ æнæхъæн регион йæ чъизи фæндты аууоны дардта, æппынфæстагмæ æрвыст æрцыд Молдовæмæ. Уый хауы алкæмæ дæр, кæцы равзары хæст æмæ Уæрæсейы фарс – олигархтæ æмæ политиктæй райдайгæйæ, Мæскуыимæ æмгуыстад чи кæны, уыдонмæ.
Æмæ мах уынæм, куыд хицæн кæны ацы уавæр Гуырдзыстоны уавæрæй. Абон Гуырдзыстон бирæбæрцæй фесæфт Европæйæн. Чи зоны, иу бон æрыздæха. Фæлæ цæмæй уый æрцæуа, уый тыххæй Европæ йæ цæст ма хъуамæ æрæхгæна, уым æмæ Белоруссийы цы цæуы, уымæ. Уæрæсейæн нæ регионы алы æнтыст Европæйæн кæддæриддæр зиан у. Уымæ гæсгæ нæ бон нæу иунæг бон кæнæ иунæг бæстæ фесафын. Молдовæйы æвзæрстыты фæстæ дæр хъуамæ дарддæр кæнæм Молдовæйы фарсылхæцындзинад. Æвзæрстыты фæстæ иууыл вазыгджындæр хæс у æвзарджыты æнхъарæнтæ сæххæст кæнын. Европæйæн йæ бон у æмæ хъуамæ баххуыс кæна Молдовайæн ацы хъуыддаджы – нæ иумæйаг интерестæм гæсгæ», -расидтис Зеленский.
Æрмæгæн, Украинæйы президент аналогион расидæн сарæзта 24 сентябры ИНО-йы Генералон Ассамблейы. Зеленский расидтис: «Мах ныридæгæн фесæфтам Гуырдзыстон Европæйы; уым адæймаджы барты æмæ европæйаг хуызы паддзахадон системæйы уавæр æрмæстдæр фыддæр кæны. Европæйæн йæ бон нæу Молдовæйы дæр фесафын».