Узбекистаны туризмы министр фæуазæг ис Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналмæ

19:01, 01.07.2026

Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты, Узбекистаны туризмы министр Абдулазиз Акулов абон Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналмæ бацыд æмæ каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили æмæ  советы сæрдар Васил Маглаперидзеимæ фембæлд сарæзта.

Фембæлды ныхас цыд дыууæ бæстæйы æхсæн туризмы фадыджы æмкуыстдзинады перспективæтыл, афтæ дæр æруынаффæ кодтой цымыдисон проекттæ аххæссыны фидæны нывæзтыл.

Тинатин Бердзенишвилийы ныхасмæ гæсгæ, Узбекистаны туризмы министримæ тынг нысаниуæгджын æмæ цымыдисон фембæлд сырæзт.

«Абон мах сплан кодтам, цы гæнæн ис саразæм, цæмæй дыууæ бæстæ æрбаввахс уой, куыд историйы, культурæйы, афтæ дæр гастрономийы æрдгæй.Уый у нæ тыхджын бынат телеуынынады сегменты æмæ йæ зонæм, уымæ гæсгæ плангонд у цалдæр проект, кæцыты телекæсджытæ тагъд рæстæджы фендзысты эфиры», -расидтис Тинатин Бердзенишвили.

Уымæй дарддæр ма, Узбекистаны туризмы министр, Абдулазиз Акуловы ныхæстæм гæсгæ, ис цымыдисон пълæнттæ туризмы ахасты, кæцы дæр хауы уæлдæфон змæлдмæ. Уымæй дарддæр ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, сæвзæрд ахсджиаг проекттæ æмбæрзын.

«Визиты фæлгæтты абон Гуырдзыстоны нæ партнертимæ уыд къорд цымыдисон фембæлд. Фæнды нæ дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуыстдзинад ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ сисын. Ис цымыдисон плантæ туризмы æрдæм, кæцы хауы авиабалцмæ дæр. Ацы фарстатыл æруынаффæ кодтам Гуырдзыстоны æхсæнадон уацхæссæгы генералон директоримæ æмæ попечительон советы сæргълæууæгимæ. фæзынд, æмæ ныфс дарæм, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджытæ хуыздæр базондзысты нæ бæстæ æмæ фидæны проекттæ Уый уыдзæн цымыдисон дыууæ бæстæйæн дæр», – банысан кодта Абдулазиз Акулов.

Хуыздæр