Михеил Чхенкели -  Абон нæ сæйраг рард у,  ахуырады хъæд сбæрзонддæр кæнын æмæ йæ  æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлон скæнын
Михеил Чхенкели - Абон нæ сæйраг рард у, ахуырады хъæд сбæрзонддæр кæнын æмæ йæ æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлон скæнын

Хицауадæн æууæнкы  расидыны  фарстмæ гæсгæ,   парламенты  цæугæ комитетон рабадтыл, Михеил Чхенкели  ахуырады алы æмвæзадыл  æппæтон  æнцонвадат скæныны æнæмæнгдзинадыл фæныхас кодта.  Министры  хъуыдымæ гæсгæйæ,   абон  ахуырады системæйы  райтынгæн  сегасæй ахсджиагдæр уыдзæн  ахуырады гъæд сбæрзонддæр кæнын, йæ  æхсæнадæмон   стандартæм  æмбæлгæ скæныны æмæ   ахуырады алы æмвæзадыл  инклюзийы  срæвдз кæнын.

Сахарты æмæ  хъæуты  скъолаты æхсæн   æппæтахуырады  æрдгæй уæвæг  проблемæйы кæрон скæнынæн,   министры ныхæстæм гæсгæ,   сæрмагонд акцент сцырын уыдзæн   хъæуты   скъолаты ахуыргæнæндон  центртæй  рацаразыныл,   кæцы  ссиу кæндзæн рæвдауæндон,  скъолайы, профессион  ахуырадон программæтæ,  библиотекæ,  спортивон  æмæ  сфæлдыстадон   клубтæ.  Этникон  къаддæрты   цæрæн регионты,   сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæудзæн   паддзахадон æвзаджы бацахуыры æрдæм.

Фæлæ  æнахъомтимæ иумæ,  ахуыргæнæн  активондзинæдты  хайад райсын сæ  бон  уыдзæн хистæртæн  дæр.