18 ноябры, интерпелляцийы уагмæ æмбæлгæйæ, байхъусдзысты Ираклий Гъарибашвилимæ, Илиа Дарчиашвилимæ æмæ Михеил Чхенкелимæ

17:18, 14.11.2022

18 ноябры  Гуырдзыстоны парламенты  пленарон  рабадтыл,  интерпелляцийы уагæй  байхъусдзысты  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилимæ, фæсарæн хъуыддæгты  министр Илиа Дарчиашвилимæ æмæ ахуырады æмæ  зонæдты министр Михеил Чхенкелимæ.

Уый фæдыл  парламенты бюройы   абоны рабадтыл  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  райхъусын кодта.

«12:00  сахатыл уыдзæн  премьер-министры ралæуд, фæсарæн хъуыддæгты  æмæ ахуырады министртæ.   Æнхъæл дæн,  цæмæй 12:00  сахатæй, 15:00 сахатмæ,  улæфты онг нын уыдзæн  премьер-министры  интерпелляци.  Улæфты  фæстæ  та,  байхъусдзыстæм  фæсарæн хъуддæгты министртæм æмæ   ахуырады министрмæ», –  райхъусын кодта  Шалва Папуашвили.

Хуыздæр