Ахуырады министр парламенты  пандемийы периоды министрады  куысты фæдыл радзырдта
Ахуырады министр парламенты пандемийы периоды министрады куысты фæдыл радзырдта

Гуырдзыстоны ахуырады æмæ зонæдты министр, Михеил Чхенкели Гуырдзыстоны парламенты, министры  сахаты  форматы,  иуæймаг  ахуыры фæдыл  ныхас  пандемийы периоды  министрады арызт  къахдзæфты  фæдыл  райдыдта  æмæ  райхъусын кодта, ома  уагдон  æхсæнадæмон  æмæ æндæр  партнер организациты  иумæйаг тыхархайдæй  ахуырдзауты класстæм  æрыздæхт  æмæ ахуыры  процессы æдас ахуыргæнæн  уавæрты  ауадзын сифтонг кодта.

Закондæттæг органы дзырдæй ралæуды рæстæджы, михеил Чхенкели  министрадæй ахуыргæнджыты вакцинацийы стимуляийæн сыххæст  къахдзæфтыл дæр фæныхас кодта. Йæ  фидиуæнæй,   зæгъгæ ацы  этапыл, паддзахадон æмæ хицæн скъолаты  ахуыргæнджыты æмæ администрацион персоналы  вакцинацигондты нымæц  9-æй  70 проценты онг райрæзт.

Минист  йæ хъусдард  раздæхта  ахуырады æмæ   зонæдты  министрады, пандемийы уавæрты, ныйарджыты æмæ  ахуыргæнджытæн  скъолайы уæвгæ æмæ  дистанцион ахуыры  форматты æхсæн барæвзар раттыны  фадатыл.

Министры сахаты форматы, дзырдæй ралæуды рæстæджы Михеил Чхенкели  афтæдæр фæныхас кодта   пандемийы  рæстæджы  ахуырдзаутæн ахуыр рæувадатдзинады максималонæй   райрæзын кæныны æрдгæй министрады сыххæст проектты фæдыл.

«Уацхæссынад дарддæр кæны  министрады æмæ Фыццаг Каналы  æмгуыстадæй  арызт  уникалон  проект «Телескъола». Куыд æй зонут афтæмæй,   урокты  хызаг  æххæссы алы  классмæ  æмæ  фадыгмæ, уагъд цæуы абитуриентты  сахат, уроктæ  адаптацигонд сты  жестты  æвзагыл, фадгуытæ  ахуыр кæнынц  сомихаг æмæ  азербайджайнаг æвзæгтыл.  «Телескъоламæ» амæйразмæ бафтыдтам   ног алæвæрд  «Ахуырæгæнæгон уат» кæцы  скъолаархайæг æхсæнадæн  ахуырады нырыккон быцæусидтыты æмæ  иуæймаг  рухсады  æрдгæй  цæугæ ногдзинæдтæ хуыздæр базонын кæнын дары йæ хъуыдйы.  Ноджы ма иу хатт банысан кæндзынæн уыйдæр, æмæ  ВВС ахуырдзаутæн «Телескъола» 2021 азы  январæй  банхъарыд,  Гуырдзыстоны ахуырады системæйы  та  уый  10 мæй  раздæр  æрфидар кодтам» – райхъусын кодта Михеил Чхенкели.