Парламент 16 июны  министры сахаты форматы Илиа Дарчиашвилимæ байхъусдзæн
Парламент 16 июны министры сахаты форматы Илиа Дарчиашвилимæ байхъусдзæн

Парламенты  бюро 13-16  июны   пленарон   рабадтыты бонвæтк  сбæрæг ис.   Парламенты  сæрдары, Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй,   парламент 16 июны  министры  сахаты форматы фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилимæ  байхъусдзæн.

Шалва Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй,  15 июны,  цыппæрæмы,   сæрибар  трибунæйæ  спайда кæндзысты  парламентон политикон къордтæ: «Гирчи» æмæ «Лело – Партнерад Гуырдзыстоны тыххæй».

Бюро  хъæлæскæнынæй  сразы ис  парламентон политикон къордты  «Еврооптимистты»   регистрацийы  ауадзынимæ. Пленарон рабадтыты  бонвæткæйы  цæугæ  сессион къуырийы  80-йæ фылдæр   фарста æркæсын   у плангонд.

Информаци хъусынк æны Гуырдзыстоны  парламенты  пресс-куыст.