Парламент «министры сахаты» форматы Рати Брегадземæ байхъусдзæн
Парламент «министры сахаты» форматы Рати Брегадземæ байхъусдзæн

Цæугæ  сессион къуырийы  17 ноябры парламент «министры сахаты» форматы юстицийы министр Рати Брегадземæ хъусдзæн.  Уый фæдыл  райхъусын кодта  парламенты  сæрдар Шалва Папуашвили  бюройы рабадты рæстæджы.

Парламент цæугæ сессион къуырийы 2024 азы  паддзахадон бюджеты  бакуыст  вариантыл фæуынаффæ кæндзæн. Афтæма  фæтагъдгонд уагæй  æркæсдзæн  «Уацхæссынады фæдыл» Гуырдзыстоны закъонмæ бахæссинаг бараст.

Бюройы  рабадтыл  ног закъондæттæн инициативæтæ æркастысты  æмæ æнæмæнгхъæугæ  æмæ акæнæг  комитеттæ сбæрæг кодтой.

Бюройы  уынаффæйæ,  парламентон опозицийы бакуыст  резолюцийы  проект Уæрæсейы  Федерацийы оккупацион режимы  æрдгæй оккупацигонд регионты адæймæгты барты  гуырымыхъхъ халындзинады æмæ сыл эффективон реагир кæныны фæдыл» адæймаджы барты хъахъхъæды æмæ æмбæстагон  интеграцийы комитетмæ уыдзæн лæвæрд æркæсынмæ.

Бюро  организаион  фарстатæ дæр æркастис.