Михеил Чхенкели  АИШ-ы минæварады æмæ Гуырдзыстоны университетты  минæвæрттæн сфысым кодта
Михеил Чхенкели АИШ-ы минæварады æмæ Гуырдзыстоны университетты минæвæрттæн сфысым кодта

Гуырдзыстоны ахуырад æмæ  зонæдты министр Михеил Чхенкели  сфысым кодта АИШ-ы  минæварады  æхсæнадон  дипломатийы хайады къухдариуæггæнæг   Кэтрин Швайцерæн  «æхсæнадæмон   ахуырады  америкаг  советты» æмæ Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр  бæрзонддæр  ахуыргæнæндæтты  минæвæрттæн.  Ахуырады министрады  информацийæ   фембæлды   фæлгæтты  фарсытæ, «Университетты фадæттæ райрæзты программæйы»  деталтыл фæуынаффæ кодтой æмæ  Гуырдзыстоны  делегацийы  Америкæмæ визиты фæстиуджытæ  схатцæг кодтой.

«Æхсæнадæмон ахуырады  америкаг советтæ» Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварады  финансон æххуысæй  æххæст кæны, «Университетты фадæттæ райрæзты  программæ», кæцы йæн йæ нысан у  Гуырдзыстоны бæрзонддæр ахуыргæнæндæтты  амалиуæгон культурæ райрæзт,  технологиты  коммерциализацийы процесс  фæахъаз кæнын  æмæ   университетты, бизнесы æмæ  хицауадон структурæты  æмгуыстад  стынг кæнын.

Проекты фæлгæтты АИШ-ы  ацæугæ  ахуырадон визиты рæстæджы  хайадисджытæм уыдис фадат, æрзонгæ уыдаиккой  америкаг  университетты  инновациты æмæ  технологиты фæткдæттынады, технологитæ алæвæрды, амалиуæгадæн ахъаззаг  аахаст сахуыр æмæ  иртасыны  коммерциализацийы фæдыл  фылдæр базонын.

Фембæлдыл Михеил Чхенкели  бахахх кодта Америкæ, куыд Гуырдзыстоны  стратегион партнеры фарсмæлæуды нысаниуæг бæстæйы  ахуырады  сферæйы райрæзты æмæ   сæрмагонд раарфæ кодта  АИШ-ы минæварадæн  æххуысы  тыххæй.   Министр   райхъусын кодта, ома гуырдзыйаг-америкаг  университетты æхсæн  æмгуыстад ма  ноджы  фæарфдæр кæндзæни уæвæг партнерад.