Мидхъуыддæгты министрад парахат кæны фидиуæн
Мидхъуыддæгты министрад парахат кæны фидиуæн

Мидхъуыддæгты министрад æндæр æмæ æндæр медиа-фæрæзты апарахат информацийæн дзуапп ратта Евросоветы (ПАСЕ) парламентон ассамблейы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстоны парламенты æвзæрстыты бон 2024 азы 26 октябры , Кахеты, Сигнагийы муниципалитеты, сæ цæстдарæн миссийы уæнгты шинæтæ æнæбары бахъыгдард сты æмæ хæдтулгæ æрхауд.

Мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуаты æмбарын кæнынц, цæмæй патрульон полицийы экипаж бынатмæ фæсидтысты, цæмæй æмбæлон юридикон мадзæлттæ сараза, фæндаггон фыдбылызы фæдыл æхсæнадон æдасдзинады управленийы центр 112-ы хъусынгæнинаг куы райстой уый фæстæ.

«Ициденты аххосаг сбæрæг кæныны тыххæй барадхъахъхъæнджытæ басгæрстой алфамбылай, хыгъдлæвæрды инициаторимæ æрфарсты фæстæ, арæзт æрцыд æмбæлон документаци.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ амынд хæдтулгæйы шофыр лæууыд фæндаджы былгæрон.

Шофыр бынаты æрцæугæ патрульон пъæлицæйы кусджытæн бамбарын кодта, цæмæй æбæрæг машинæ, æвæццæгæн, йæ хæдтулгæ бахъыгдардта автомагистралыл цæугæйæ æмæ æрдомдта цауы официалон æрфыст.

Афтæ ма барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ бафарстой шофыры, ис æви нæ ахæм хъуыды, æмæ уыцы хæдтулгæ искæй æнæбары бахъыгдардта, кæд æмæ уый нæ дызæрдыг кодта, хæдтулгæ æнæбары кæй бахъыгдардта, ууыл.

Инциденты фæдыл райдыдта административон хъуыддаг, цæмæй рабæрæг уа фыдгæнæг шофыры æмæ райсой æмбæлон мадзæлттæ, дзырдæуы информацийы.