Медиайы хъусинагæй, оккупанттæ Херсоны  районы Уæрæсейы Федерацийы сконды фæдыл «референдум» ауадзын аскуыддзаг кодтой
Медиайы хъусинагæй, оккупанттæ Херсоны районы Уæрæсейы Федерацийы сконды фæдыл «референдум» ауадзын аскуыддзаг кодтой

Уырыссаг тыхæйисджытæ оккупацигонд Херсоны районы, «референдум» ауадзын  сфæнд кодтой –  уый фæдыл  информаци   украинаг медиа хъусын кæны.

Параллелонæй, уырыссаг медиайы  ахæлиугонд  информацийы  банысангонд у, цæмæй  «референдумы ауадзын регионы Уæрæсейы  Федерацийы скондмæ  бацæуыны нысанæн у».  Медиайы хъусинагæй,  оккупацион   режимы  минæвар  Владимир Сальдо   ныфсджын у, цæмæй Уæрæсе райсдзæн  референдумы фæстиуджытæ.