Леван Давиташвили йæ къух бафыста Гуырдзыстоны æмæ Китайы хицæуæдты æхсæн меомрандумыл Астæу Къæлидоры иумæйагæй райтынг кæныны фæдыл
Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министры, Леван Давиташвилийы Китаймæ кусæн визиты фæлгæтты, къухæвæрд æрцыд «Кæрæдзиæмбарынады меморандум Китай-Европæйы æфсæнвæндагон экспрессæн транспортон къæлидорты, транскаспийаг æхсæнадæмон транспортон маршруты (Астæу Кæлидор) райтыгъгы фæдыл», – информацийы уый тыххæй экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрад хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, къухбафыст Китайы Адæмон Республикæйы националон райтыггы æмæ реформæты комссийы ацыд æмæ йыл къух Леван Давиташвили æмæ комиссийы вице-сæрдар Чъао Чен Син бафыстой.
«Меморандум йæ хъуыдыйы дары Гуырдзыстоны æмæ Китайы æхсæн æмгуыстад фæарфдæр Астæу Кæлидоры фылдæр фæактивондзинады æмæ эффективон куыст сæнæмæт кæныны нысанæн меморандумы банысан ис, цæмæй фарсытæ иумæйиаг бакусдзысты Астæу Кæлидоры уæлæмхас уæзты арбаласынæн, сæ нымæцы маршрутты оптимизацийы, инфраструктурæйы райтынг кæныны æмæ транспортон лæггады фæхуыздæры фæндагæй, афтæма таможнæйы, трнаспортон æдасдзинады æмæ цифрон скæныны фарстатыл æмгуыстад стынг кæнынæй. Меморандумы бафыст ахъаззаг у Астæу Кæлидоры уылты Китайæ Европæмæ æмæ фæстæмæ уæзты къадайы райрæзтæн æмæ афтæдæр, дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон-экономикон ахастытæ стынг кæннæн.
Фæнысан ис, цæмæй регионы сырæзт уавæрмæ гæсгæйæ, Астæу Кæлидоры уæлидзинæдтæм абон фылдæр хъусдард ис. Уыйимæ бахахх ис уый дæр, цæмæй маршщрутты фылдæр райтынг кæнынæн нысаниуæгджын у Китайы фарсы æмархайды сбæрзонддæр, сæ нымæцы регулярон æфсæнвæндагон дыууæрдæм змæлды æрдгæй. Фембæлдыл æвæрццаг аргъ скодтой Китайæ æмæ Китаймæ Астæу Кæлидоры уæзты къадайы фæстагрæстæгон рæзгæ динамикæ – 2024 азы январ-июлы периоды Астæу Кæлидоры уылты ласт контейнерты нымæц æввахсæй æввахсмæ æхсæзхатты райрæзтис», – дзырдæуы уагдоны ахæлиугонд информацийы.