Политико - Евроцæдис Пекины ныхмæ санкцитæ снысан кæнын план кæны Китайы Уæрæсейæн фарсылхæцындзинады тыххæй
Политико - Евроцæдис Пекины ныхмæ санкцитæ снысан кæнын план кæны Китайы Уæрæсейæн фарсылхæцындзинады тыххæй

Евроцæдис план кæны Пекины ныхмæ санкцитæ æрæвæрын, Китай Уæрæсейæн кæй æххуыс кæны, уый тыххæй. Политико хъусын кæны.

Рауагъд куыд фыссы, афтæмæй Евроцæдис ахæм къахдзæф саразын уый фæстæ рахаста уынаффæ, Reuters-ы статья куы ныммыхуыр кодта, кæцыйы дзырдæуы, цæмæй Китай сусæгæй Уæрæсейæн дронты мотортæ дæтты.

Рауагъд куыд банысан кодта, афтæмæй Китай ацы мотортæ Уæрæсемæ æрвиты «уазалгæнæн ифтонгады» номæй, ныгуылæйнаг санкцитæй ахизгæйæ.

Политико куыд фыссы афтæмæй, ацы информаци Брюсселы тыхстдзинад сæвзæрын кодта. 15 уæнг бæстæ бахатыдысты æмбарынгæнæнмæ. Пекин аххосæгтæ нæ сбæлвырд кодта.

Китай бирæ хатт нæ сразы ис Уæрæсейæн хæцæнгарз дæттыны тыххæй. Пекин расидтис, цæмæй у нейтралон æмæ хæсты иу фарсæн дæр хæцæнгарз нæ дæтты.