Латвийы хицауад 21 октябрæй 15 ноябры онг а.х. «локдауны» тыххæй райхъусын кодта. Агентад «Ройтер» куыд фыссы, афтæмæй Латвийы, кæцы Евроцæдисы коронавирусыл вакцинацигонд æмбæстæгты нымæцæй иуæй-иу сеппæтæй фæстаг бынатыл ис, инфицирады бæрæггæнæны виппайды рæзт ис.
«Нæ æнæнизхъахъхъæды системæмæ æртхъирæн кæны тас. Сыврæзт уавæрæй иунæг рацæуæн у вакцина», – райхъусын кодта премьер-министр Кришианис Каринш хицауады рабадты фæстæ. Уыимæ иумæ, премьер вакцинацигонд æмбæстæгтæн локдауны райхъусын кæныны тыххæй хатыр ракуырдта.
21 ноябрæй цыппар куъырийы æмгъуыдмæ æрыхгæндзысты æнæхæлцадон дуканитæ, ресторантæ, скъолатæ æмæ ивхæрсæн уагдæттæ. Изæры 08:00 сахатæй сæумæрайсомы 05:00 сахатмæ та, коменданты сахат уыдзæн.
Премьер-министр госпитализацийы бæрæггæнæны рæзты расайæгæй схуыдта вакцинацийы ныллæг темп.