Лаша Дарсалиа – Бритайнаг бур прессæйы публикацигонд информаци у уыцы æмгуыстады дискредитацийы архайд, кæцы нын ис нæ партнертимæ
Бритайнаг бур прессæйы публикацигонд информаци у уыцы æмгуыстады дискредитацийы архайд, кæцы нын ис нæ партнертимæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг, Лаша Дарсалиа, «Daily Mail»-ы статийы фæдыл комментарийы рæстæджы банысан кодта.
Бритайнаг рауагъдад сæрмагонд равзæрæныл æнцойæ фыссы, цæмæй зæгъгæ т хакертæ кæцытæ Британийы медицинон фæлварæнты ныффыстытæ адавдтой, архайдтой Гуырдзыстонæй æмæ Уæрæсейы æдасдзинады куыстытимæ сты баст.
Дарсалиайы дзырдæй, Гуырдзыстонæн Стыр Британиимæ киберæдасдзинады æрдгæй тынг дзæбæх æмгуыстад ис.
«Хъуыды йæ кæндзыстут, февралы растдæр уыдонимæ, АИШ-имæ æмæ æндæр бæстæтимæ къуындæг æмгуыстады фæрцы рабæрæг сты кибер-лæбурдтытæ, кæцытæ Гуырдзыстоны ныхмæ уыдысты æххæст Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй. Бритайнаг бур прессæйы публикацигонд информацийы тыххæй куы зæгхæм, уæд ис зæгъæн цæмæй мах мæкуыст кæнæм нæ бритайнаг партнертимæ ацы фарстатыл. Ацы этапыл ай у растдæр уыцы æмгуыстады дискредитацийы архайд, кæцы нын ис нæ партнертимæ.
Æнхъæлцыты æмвæзыл – Гуырдзыстоны æмæ нæ ныгуылæйнаг партнерты æмахастытæм интерес чи дары, ахæм у Уæрæсейы Федераци, æрмæст уый цæмæй чи лæууы ацы хицæн конкретон фапкты фæстæ, уый та фæстæдæр æмгуыстады ф æстиуæгæн суыдзæн бæрæг» – райъхусын кодта Дарсалиа.