Европæйы Советы министрты хæдивджыты рабадтыл æркастысты генералон нымæрдары консолидацигонд хыгъдлæвæрд «Конфликт Гуырдзыстоны»
Европæйы Советы министрты хæдивджыты рабадтыл æркастысты генералон нымæрдары консолидацигонд хыгъдлæвæрд «Конфликт Гуырдзыстоны»

2021 азы 10 ноябры  Европæйы Советы министрты  хæдивджыты  рабадтыл  каст уыдис  Европæйы  Советы  генералон   нымæрдары  24-æм консолидацигонд  хыгъдлæвæрд – «Конфликт Гуырдзыстоны».  Рабадты хайад райста фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг Лаша Дарсалиа.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-куысты  информацийæ,  генералон  нымæрдары  консолидацигонд   хыгъдлæвæрды  бавдыст  у 2021 азы  апрелæй  сентябр хынцгæйæ  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл  æмæ  оккупацион  хаххы дæргъмæ  æдасдзинады, адæймаджы барты  æмæ  гуманитарон  цæстæнгасæй  уæвæг уæззау  уавæр.

Хыгъдлæвæрды банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад фауы  Уæрæсейы Федерацийы  æмæ  Цхинвалы  йæ оккупацион  режимы æхсæн, а.х. бадзырд  дывæр  (уырыссаг)  æмбæстагады фенцондæргонд уагæй  райсты фæдыл.  Уым ма  хаххгонд у, цæмæй Гуырдзыстоны  хицауад  мæстыдзинад æвдисы  Уæрæсейы Федерацийы  кадастрон  картæйы Абхазы регионы  хъæу  Аибгъайы хайы йæхи территорийæ  бафыссыны тыххæй. Фæнысангонд, Уæрæсейы  æрдгæй  Гуырдзыстоны территорийы  анексийы  архайд у.

Æддагполитикон уагдоны хъусинагæй,  консолидацигонд хыгъдлæвæрды бавдыст у  æнæзакононæй æрцахстуæвæг  Ираклий Бебуайы  фæдыл  æмæ  хаххгонд у, цæмæй Гуырдзыстоны фарс  сæвæрдта йæ æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæныны фарста.

«Нысаниуæгджын у, цæмæй  хыгъдлæвæрд  хахх кæны Арчил Татунашвилийы, Гига Отхозориайы, Ираклий Кварацхелиайы æмæ  Инал Джабиевы  марындзинады цауты æмбæлгæ фæдагуырды æмæ  расттæрхоны сæххæсты  нысаниуæг,  æмæ  амоны цæмæй  ацы æрдгæй  прогресс æппын нæй.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  оккупацигонд регионты гуманитарон  уавæр уæззау у, сæрмагондæй та Галы æмæ  Ахалгоры  районты, кæцы рæтты цæрджыты фылдæр сты этникон гуырдзиæгтæ» –  банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады ахæлиугонд информацийы.