Женевæйы бадзырдты радон раунд  сом ацæудзæн
Женевæйы бадзырдты радон раунд сом ацæудзæн

Швейцарийы  Женевæйы  бадзырдты  радон раунд  сом  ацæудзæн.

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалиа  Швейцарийы гуырдзиаг журналисттæн куыд фехъусын кодта афтæмæй,  Женевæйы   бадзырдтыл   Гуырдзыстон  принципонæй  слæууын кæндзæн   æхсæз пункты  сыххæсты  фарста.

«Нысаниуæгджын  раунд нæм æнхъæлмæ кæсы,  сæрмагондæй  та уыцы  фоныл,  æдасдзинады  уавæр, æппæт евроæпайы, дунейы, афтæма  Гуырдзыстоны дæр,  нысаниуæгджынæй  куы фæфыддæр ис.  Ацы фоныл   егъау нысаниуæг  исы  Женевæйы  бадзырдты радон  раунд, уымæн æмæ  Женевæйы  кастæуынц ахæм темæтæ,  цахæмдæр сты æдасдзинад  сифтонг кæнын, 6 пунктджын  бадзырды сыххæст, кæцыйы сæйраг у  деоккупаци, Уæрæсейы  оккупацион æфсæдды  акæнын   хæстагъоммæ  хаххмæ æмæ  лигъдæтты æрыздахын.

Вазыгджын фоныл  ацы фарстаты каст,  фылдæр нысаниуæгджын  у  æмæ ахсджиаг у  фарсхæцын, кæцы Гуырдзыстонмæ ис нæ партнертæй – АИШ-æй æмæ Евроцæдисæй. Ацы раунд  ноджы  фылдæр нысаниуæгджын кæны  йæ сæйраг фарстаты  каст, уый у  6-дæр пункты сыххæст, сæрмагондæй та  æдасдзинады  æхсæнадæмон  механизмтæ сифтонг кæнын, кæцы  æфсæдды акæныны  æмæ  лигъдæтты   æрыздахыны  разæууæл хъуамæ суа. Гуырдзыстон принципонæй  слæууын кæндзæн ацы фарста.  Женевæйы  бадзырдты  иунæг  сæйраг темæ у, кæд дзырдæуы уавæры  исты  типы фæхуыздæрыл, уый  гæнæн ис æххæсса   оккупацигонд территоритыл   уавæры  фæхуыздæрмæ  æмæ  деоккупацийы  процессмæ.  Æндæр цыфæнды  процесс, нæй гæнæн схонын   уавæры  фæхуыздæрæй  Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн», –   райхъусын кодта Лаша Дарсалиа.