Кæмæ æмбæлдзæн æххуыс  антикризисон  пъланмæ  гæсгæйæ -  финансты министры æмбарынгæнæн презентаци
Кæмæ æмбæлдзæн æххуыс антикризисон пъланмæ гæсгæйæ - финансты министры æмбарынгæнæн презентаци

Абон  уагъд  презентацийыл  финансты министр   Иванэ Мачъавариани   райхæлдта цæмæй æмбæстæгты  кæцы  къордтæм хауы  æххуысы  пълан.

«Пъланæй  бæрæг мадзæлттæ  хауынц  адæймæгтæм, кæцытæ нал исынц мызд, сты  æнæмызд  æнцойуагъды кæнæ  рæстæгмæ æгуыст,  алкæцы сæ райсдзæн  1200  ларийы  бæрц   пакет иннæ  6 мæйы дæргъы, æрвылмæййонæй  200  ларийы.

Ацы  къордтæм хауынц адæймæгтæ,   кæцытæ  нырмадæр кусынц,   ацы  цауы нæм ис  кусæнуатты  бавæрыны  программæ, кæцыйæ хи æрдгæй  бæрæг кæны –  алы  куыстдæттæг, компани,  юридикъон уæнг, кæцы  бавæрдзæн кусæнуат  (1500 ларийы онг)  физикъон уæнгы  750  ларийы бæрц  æфтиагы  фидинагæй  ссæрибар уыдзæн æмæ  уый  дæр иннæ  æхсæз мæйы  дæргъы» – загхъта  министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ      нысаниуæгджын у, цæмæй  социалон   æххуыс  афтæдæр хауы   хæдфæллойгæнджытæм.

«Уымæй  уæлдай ма, ис  хæдфæллойгæнджытæй  кæй  хонынц  ахæм адæм.  Ацы  къорды  æрдæм нын ис  бæрæг ахаст.  Уый  у  тынг  æнцон фæндаг, цæмæй  куыд  хъуамæ  сбæлвырд кæной   фæнысангонд уæнгтæ уый, цæмæй  истой æфтиаг  кризисы æрлæууды онг. Ацы  цауы,   æнæнизхъахъъæды  министрадимæ иумæ бакуыстам схемæ, кæцымæ гæсгæ дæр  идентификаци скæндзыстæм уыцы  адæймæгты, чидæриддæр  æндæр æмæ æндæр  сферæтыы   архайдтой, сæ нымæцы   амалиуæгдæрттæ, микроамалиуæггæнджытæ, æмæ æндæр статус  кæмæн ис ахæм адæймæгтæ,  кæцытæм  бирæ  æнцон дæр уыдзæн  ахæм æххуыс  бадæттын.  Фæлæ  дзы  ис  адæймæгты  къорд,  кæцытимæ  цъус   зындæр у  уый  сбæлвырд кæнын, цæмæй сæм уыд  цавæрдæр æфтиаг  æмæ  ацы æрдгæй  дæр архайæм  максималонæй   фæлмæн  балæуд  равдисæм» –  райхъусын кодта министр.

Уымæй  уæлдай ма,   йæ ныхæстæм гæсгæ,   пълан æххæссы  ссоциалонæй  æдых  алы  къордмæ.

«Афтæдæр сты   къордтæ æмæ бинонтæ, кæцытæ  социалонæй  сегасдæр мæгуыртæ  сты.  Сæ  нымæцы ис бинонтæ, кæцыты  социалон рейтингы баллтæ  сты  65 000-æй  100000 баллы онг æмæ уыдон райсдзысты  600   ларийы  бæрц  æххуыс  фæдылдзог æхсæз  мæйы дæргъы, афтæдæр бинонтæ  кæцыты  рейтинг  у  100 000 баллы онг,   кæцытæн ис   æртæ  кæнæ æртæйæ  фылдæр 0-æй  16 азы онг кары   хъæбултæ, уыдон дæр 600 ларийы  æххуысы  бенефициартæ  уыдзысты.  Уымæй дарддæр ма, дырыс бæрæг  амалхъомдзинад цух  уæнгтæ æмæ 18  азы онг кары  амалхъомдзинад цух æвзонгтæ (40 000-ы онг æмбæстаг)  уыдон дæр 600  ларийы  бæрц  æххуысы бенефициартæ уыдзысты» –  хъусын кæны   министр.