Евроцæдис Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады секторæн æххуысы нысанæн 30 милуан евро рауæлдай кæндзæн
Евроцæдис Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады секторæн фарс рахæцынæн 30 милуан евро рауæлдай кæндзæн, – уый фæдыл дзырдæуы Евроцæдисы Советы публикацигонд фидиуæны.
«Абон Совет райста æххуысы дыууæ мадзалы Европæйы сабырады фонды фæлгæтты Молдовæйы гарзджын тыхты æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæн фарс рахæцынæн, дыууæ бæстæйы хъахъхъæнынады секторы националон æдадсзинады, стабилондзинад æмæ фæразондзинад стынг кæннæн», – дзырдæуы Евроцæдисы Советы фидиуæны.
Европаг Советы хъусинагæй, Гуырдзыстонæн бæлвырдгонд 30 милуан евройы бæрц æххуысы пакет 36 мæййон периодыл æххæссы. Фæнысангонд суммæйæ сфинанс уыдзæн Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты хайадтæн æнæлеталон ифтонггæрзтæ æмæ лæггад, уый нымæцы техникон бацæттæ æркуырды цауы. Сбæлвырдгонд ифтонггæрзтæм хауынц, инженерон, сæрдариуæгон-контролон, медицинон, логистикон æмæ киберхъахъхъæнынады техникæ.
Европаг Советы хъусинагæй, æххуысы фæстаг пакет, раззаг пакетимæ иумæ, йæ къух сараздзæн Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны тыхты оперативон эффективондзинад сбæрзонддæр кæнынæн, фæтагъд кæндзæн Евроцæдисы стандарттæм æмбæлондзинад скæнын æмæ кæрæдзиимæ æмбынатиндзинадæн, уымæ гæсгæ дæр, сифтонг кæндзæн æмбæстæгты хуыздæр хъахъхъæд кризисты æмæ уæлвæтк уавæрты рæстæджы. Афтæма æххуысы пакеты нысан у, Молодовæ æмæ Гуырдзыстоны фадæттæ стыхджын кæнын æртыккаг бæстæты Евроцæдисы æфсæддон мисситы æмæ операциты сæ хайады æрдгæй.
Советы хъусинагæй, æххуыс Гуырдзыстон æркуырдта 2023 азы 8 февралы. Уæдмæ 2022 азы декабры Совет сбæлвырд кодта 20 милуан евройы бæрц æххуысы пакет, æрмæст 2021 азы декабры – 12,75 милуан евройы бæрц пакет.
Аналогион нысæнттæн Евроцæдисы Совет Молдовæйы гарзджын тыхты æххуысæн 40 милуан евро рауæлдай кæныны уынаффæ рахаста.