Патриархат – Илья Дыккагы уынаффæмæ гæсгæ, Патриархат арвитдзæн хæринаг, уæлæдарæс, хостæ æмæ хъарм æмбæрзæнтæ, фыдбылызæй зианбаййафæг адæмæн
Патриархат – Илья Дыккагы уынаффæмæ гæсгæ, Патриархат арвитдзæн хæринаг, уæлæдарæс, хостæ æмæ хъарм æмбæрзæнтæ, фыдбылызæй зианбаййафæг адæмæн

Ныгуылæн Гуырдзыстоны цы тыхджын митуард æрцыд, уый карз фæстиуджытæ расайдта нæ адæмæн æмæ иумæйагæй бæстæйæн. Хъыгагæн, амæттæгтæ дæр ис. Хицауад, ирвæзынгæнæн службæтæ æмæ волонтертæ се ‘ппæт дæр архайынц æххуыс кæнын стихийæ зианбаййафæг адæмæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Патриархийы расидæны ис фыст.

Фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, йæ сыгъдæгдзинад Илья Дыккагы уынаффæйæ, Патриархат зианбаййафджытæн хæринаг, уæлæдарæс, хостæ æмæ хъарм æмбæрзæнтæ æрвитдзæн.

«Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Йæ Сыгъдæгдзинад æмæ Амондджын Илья Дыккагы уынаффæйæ, Гуырдзыстоны Патриархат зианбаййафджытæн хæлцад, уæлæдарæс, хостæ, хъарм æмбæрзæнтæ æмæ ноджы фылдæр æрвитдзæн». Фыдбылызы зонæйы чи ис, уыдонæн Хуыцауы хорзæх уæд, æппæт Гуырдзыстоны хорзæх уæд æмæ йæ хъизæмæрттæй бахъахъхъæнæд.

«P.S. Бузныг хæрзаудæн фонд «Аверсийæн» фарсылхæцындзинады тыххæй», – ис фыст Гуырдзыстоны патриархийы фидиуæны.