Патриархат – фæстаг рæстæджы Евроцæдисы æрдыгæй Гуырдзыстонæн цы рекомендациты лæвæрд æрцыд, уыдоны мидис серьозон тыхстдзинад æвзæрын кæны Гуырдзыстоны æхсæнады æмæ рæстдинон аргъуаны æхсæн
Патриархат – фæстаг рæстæджы Евроцæдисы æрдыгæй Гуырдзыстонæн цы рекомендациты лæвæрд æрцыд, уыдоны мидис серьозон тыхстдзинад æвзæрын кæны Гуырдзыстоны æхсæнады æмæ рæстдинон аргъуаны æхсæн

Фæстаг рæстæджы Евроцæдисы æрдыгæй Гуырдзыстонæн лæвæрд рекомендациты мидис серьозон тыхстдзинад сæвзæрын кодта Гуырдзыстоны æхсæнады æмæ рæстдинон аргъуаны æхсæн – уый фæдыл ис фыст Патриархийы фидиуæны.

Патриархаты расидæны куыд фыст ис, афтæмæй «Мах ныхас кæнæм уыцы хайыл, кæцы нымайы бинонты сыгъдæгдзинад хъахъхъæнын æмæ домæн, цæмæй скусын кæной закъондæттынад, кæцы арæн кæны афтæхуыйнæг ЛГБТ-пропагандæ æнахъомты ныхмæ».

«Ацы ахаст бынтондæр ныхмæлæууæг у принциптæ æмæ хъусынгæнинæгтæн, кæцытæ бирæ азты дæргъы парахат кодтой куыд Евроцæдисы бæстæты минæвæрттæ, афтæ бæрзонд рангы дипломаттæ Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны бæрзонд иерархитимæ бирæнымæц фембæлдты рæстæджы. зæгъы.

Расидæнмæ гæсгæ, Илья Дыккаг бирæ хатт банысан кодта, цæмæй европæйаг æвзæрст гæнæн ис æрцæуа ахæм уавæрты, кæцыты ныхмæ Хуыцауы ахуыртæ, куыд æнæтрадицион цардыуаджы пропагандæ, нæ уыдаит æвæрд.

«Хъыгагæн, Евроцæдисы фæстаг рекомендацитæ абон ныридæгæн æргомæй æвдисынц æнæбаст позици, иуæрдыгæй, бинонты традицитæн фарсылхæцындзинад æмæ æвзонг фæсивæды ЛГБТ пропагандæйæ хъахъхъæнын, иннæрдыгæй та бæстæйы Европæмæ тырнындзинады перспективæ, кæцы Гуырдзыстоны цæрджыты стыр хайæн фыдæнхъæл расайы» – райхъусын кодта патриархы расидæны.