«Ковид-19»-ы кризисыл фæуæлахизы нысанæн  Евроцæдис Гуырдзыстонæн  рауæлдай кодта 60 милуан евройы бæрц грант
«Ковид-19»-ы кризисыл фæуæлахизы нысанæн Евроцæдис Гуырдзыстонæн рауæлдай кодта 60 милуан евройы бæрц грант

Абон Евроцæдис Гуырдзыстонæн рауæлдай  кодта  60 милуан  евройы ( 240 млн ларийы онг)  грант  «Ковид-19»-ы кризисыл фæтыхуынæн. Фæнысангонд  суммæтæ   сты Гуырдзыстоны хицауады  антикризисон экономикон  план сæххæст кæнынæн  фарс рахæцынæн – уый фæдыл   информаци  хъусын кæны  Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæварад.

«Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн æнæфæцудгæ  æххуыс  пандемийы периоды. Фæнысангонд 240 милуан ларийы  бæрц грант, уыцы  1,5  миллиард ларийы бæрц  æххуысы  хай у, кæцыйы  мобилизаци скодтой Евроцæдис æмæ  Европæйы  бал, цæугæ  азы  уалдзæджы  æмæ кæцыйæн йæ нысан у  Гуырдзыстоны хицауадæн баххуыс кæнын   пандемийы  ныхмæ  тохы, афтæма, Гуырдзыстоны  цæрджытæн æххуыс уыцы  карз  æртъхъирæнæн бафæразынæн, кæцыйы  раз  бирæ адæймаг æрлæууыд», – хъусын кæны Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.

«Фæнысангонд суммæтæ  сты фыццаг транш  уыцы 75  милуан евройæ (300 милуан ларимæ æввахс),  кæцы  «Ковид-19»-ы ныхмæ  Гуырдзыстоны  хъæддыхдзинады бадзырдæй»  у  бæрæг  æмæ  кæцыйы фæрцы  Евроцæдис  баххуыс уыдзæн  Гуырдзыстонæн  антикризисон   экономикон  план сыххæст кæныны.  План  æххæссы мадзæлттæм, кæцытæн сæ нысан  у  æфтиæгты равзæрæн фесафынæй  цы негативон  æндæвдад  сæвзæрдис, уый фæъкаддæр кæнын, куыстбынæтты   бахъахъхъæдæн баххуыс, бизнесæн къухаразын  æмæ æненизхъахъхъæды системæ  стынг  кæнын.

Баззайгæ суммæ   рауæлдай уыдзæн,  хицауад цы мадзæлттæ  ауадздзæн,  уыдоны аргълæвæрдмæ гæсгæйæ,  кæцы баххæсдзæн социалонæй  æнæхъахъхъæд  бинонтæн  социалон æххуысмæ, бизнестæн æххуысмæ  куыстбынæттæ ма фесафыны æрдгæй æмæ  интенсивон  терапийы   сынтæджыты  нымæц  фæфылдæр кæнынæн.  Фæнысангонд  траншы размæ уыдис  макрофинансон  æххуысæн  100 милуан  евройы  (400 млн ларийы) бæрц  кредиты рауæлдай, кæцы  цæугæ азы  25  ноябры  сыххæст ис. Дыууæдæр транш сты  1,5 миллиард  ларийы  бæрц  æмтгæйон  æххуысы пакеты хай, кæцы афтæдæр  йæ хъуыдыйы дары  Гуырдзыстон æнæнизхъахъъхæды системæйы, социалон    сферæты æмæ   экономикæ сæндидзын кæнынæн  æххуыс», – дзырдæуы  информацийы,  кæцыйы   ахæлиу кодта Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæварад.