АИШ-ы  минæварад Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæн  11.5 милуан доллары аргъы  ифтонггæрзтæ алæвæрдта
АИШ-ы минæварад Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæн 11.5 милуан доллары аргъы ифтонггæрзтæ алæвæрдта

АИШ-ы минæварад  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæн  26 тоннæ  æдасдзинадæн хъæугæ  æххуыс  радæтта.  Фæнысангонды фæдыл  информаци Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæварад хъусын кæны.

Минæварады хъусинагæй,   ифтонггæрзтæ  11.5 милуан доллары  аргъы сты æмæ хъахъхъæнынады  тыхтæн сæ адæттой сæ фадæттæ  стынг кæнынæн.

«Абон гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады тыхтæм, сæ фадттæ стынг кæнынæн, 26 тоннæ  æдасдзинадæн хъæугæ  æххуыс  алæвæрдтам. 11,54  милуан доллары  аргъы   ифтонггæрзтæ, иуæй-иу фæндаг у, кæцыйæ АИШ-ы  хицауад æххуыс кæны  йæ  стратегион партнер  Гуырдзыстонæн» – дзырдæуы  информацийы.