Юбилейтæ, чындзæхсæвтæ, хист æмæ æндæр ритуалон мадзæлттæ абонæй уыдзысты фæдзæхст
Юбилейтæ, чындзæхсæвтæ, мардкæндтæ æмæ æндæр ритуалон мадзæлттæ уадзын абонæй фæдзæхст уыдзæн, – уый фæдыл хиауады администрацийы къухдариуæггæнæг Натиа Мезвришвили, координацион советы рабадты фæстæ фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæнысангонд а.х. социалон мадзæлттæ абонæй тобæгонд уыдзæн куыд æхгæд – афтæ гом тыгъдадты дæр.
Афтæма хицауады администрацийы бамбарын кодтой, цæмæй гуырæнбонты, хистты æмæ æндæр социалон мадзæлтты хайадисджыты нымæц, 10 адæймагæй фылдæр ма хъуамæ уа.
«Иттæг нысаниуæгджын уынаффæ рахастам а.х. социалон мадзæлтты тыххæй, цахæм дæр сты юбилейтæ, чындзæхсæвтæ, хисттæ æмæ æдæр ритуалон мадзæлттæ. Эпидемиологион уавæрмæ гæсгæ, ист æрцыд уынаффæ, абонæй социалон мадзæлттæ уыдзысты фæдзæхст, æздæхæм уыцы арæнæвæрдмæ, кæцы ныры онг уыд, – чындзæхсæвтæ, хисттæ, юбилейтæ. Ацы арæнæвæрд ныр дæр архайы æхгæд тыгъдадты, абонæй та аххæсдзæн гом тыгъдадтæм дæр», – райхъусын кодта Мезвришвили.
Спортивон мадзæлтты тыххæй куы зæгъæм, уым дæр уæвæг эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ, ист æрцыд уынаффæ, культурон æмæ спортивон мадзæлтты 200 адæймагæй фылдæр, хайдисын арæн скæнын.