Экономикæйы министрад  Панкисы Комы  чысыл  ГЭС-ты  арæзтадмæ  гæсгæ  фидиуæн аразы
Экономикæйы министрад Панкисы Комы чысыл ГЭС-ты арæзтадмæ гæсгæ фидиуæн аразы

Экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрæзты министрад  Панкисы Комы  чысыл  ГЭС-ты  арæзтадмæ  гæсгæ  фидиуæн  хæлиу кæны.

Фидиуæны  мидæг куыд у банысангонд афтæмæй,  экономикæйы министрад ГЭС-ты  арæзтады  процессы  баст  персоналы æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæй  мидхъуыддæгты министрадмæ йæхæдæг  басидтис.

Министрады  уыцы  пайдайыл  ныхас кæнынц, кæцыйыл Панкисы цæрджытæ  чысыл гэс-ты  проекты сæххæстæй фæхæст уыдзысты.

Фидиуæн уын æнæивгæйæ  æнхъарæм:

«Фæнды нæ ракой кæнын  Панкисы  Комы  чысыл ГЭС-ты  арæзтадимæ баст  процессты тыххæй æмæ  фæнысангонд  фарстайыл   æххæст æмбарынгæнæн  саразын.

2017 азы  Гуырдзыстоны хицауад  чысыл ГЭС-ты – «Хадори-3»-ы æмæ  «Самхъурацъхъали2»-ы  инвестор компанийæн, ÆÆ  «АЛазаниЭнерджийæн» æрмæстдæр уый фæстæ  бафыста меморандум  æмæ йæм ратта арæзтады  бар,  алы паддзахадон уагдон, сæрмагонд компетенцийы  фæлгæтты  проектæн æвæрццаг аргъ куы  скодтой.

Афтæдæр сæххæст ис  закъонæй  бæлвырд  алы процедурæ, кæцы ахæм  проекты фæдыл  бынæттон цæрджыты  информирдзинад дары йæ хъуыдыйы.  Фæнысанкæнинаг у, цæмæй  «АЛазани Энерджийы»  бындурæвæрæг у  гуырдзиаг  компани ÆÆ «Пери», кæцы Гуырдзыстоны  базарыл   æнтыстджын куыст кæны, сæххæст кодта бирæ  энергетикон проект  Гуырдзыстоны  æндæр æмæ æндæр  регионы. Сæ нымæцы гидроэлектростанцæ Панкисы Комы.

КОмпанийы  бардарджытæ хорз æмбьарынц  Комы хæдуæвындзинад. Афтæма компани  Комы иуæй-иу ставд  куыстдæттæг у.  Уымæ гæсгæ дæр, «Алазани Энерджийы» къухдариуæгад  проекты  радианæй   систа  акцент бынæттон  цæрджытимæ диалогыл æмæ 2017 азæй  абоны онг, æндæр æмæ æндæр форматы  бирæ  фембæлд сарызта проекты æрдæм цæрджыты  ахаст   позитивон скæныны  нысанæй. Компанийы æрдгæй,  фæнысангонд коммуникацийы  фæлгæтты æрцыд  «Самхъурацъхъали 2»-ы  ГЭС-ы  проекты  оптимизаци æмæцæрджыты домæнты  бындурыл, æнзагъд ракодта  донмарæны арæзтадыл. Уый фæстиуæгæн  куыд «Хадори3»,  афтæдæр «Самхъурацъхъали 2», æрдзæн максималонæй  æнæзиан  гидроэлектротсанцæйæ  скодтой.  2019 азы  19 апрелы  инвестор  компани  ÆÆ «Алазани Энерджи», кæцы план кодта  ГЭС-ы арæзтад райдайын,  фыстæй  баздæхт  экономикæйы   æмæ æнæцудгæ  райрæзты  министрадмæ æмæ дзы ракуырдта  æххуыс, цæмæй  министрад  арæзтадон куыстыты  сабыр æмæ  æдас уавæрты  ауыдзын срæвдз кодта.

Уымæн цæмæй, хъыгагæн, уыдис  ахæм прецедент  сæ нымæцы, Гуырдзыстоны æндрæ регионы цæугæ   проектты, экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрæзты  министрад,   фæдылдзог реагирдзинады тыххæй  басидтис  мидхъуыддæгты министрадмæ, цæмæй  срæвдз уыдаит,  арæзтады  процессы  баст персоналы æдасдзинад.

Чысыл ГЭС-ты  проекты сæххæстæй  Панкисы Комы  цæрджытæ ахæм пайдайыл фæхæст уыдзысты:  арæзтады æнæхъæн периоды  дæргъы,   æндæр  специалисттимæ иумæ,   бынатыл бакусдзæн  æнæкъаддæр 100  бынæттон  цæрæг, æрмæст гидроэлектростанцæйы  эксплуатацимæ расты  фæстæ, 50  иудадзыг куыстбынат сырæздзæн.  Компани афтæдæр  срæвдз кæндзæн  фæсивæды  бацæттæйы къурсытæм бафтауын, кæцы сын  фидæны æндæр ГЭС-тыл  куыст ссарыны  фадат  ратдзæн. Уымæй  уæлдай ма, инвестор  компани  йæхимæ исы  хæс, цæмæй  Комы æмæ  ГЭС-мæ хæстæг  лæууæг цæрæн пунктыты  пайдайæн,  социалон проектытæ  сæххæст кæндзæн.  Ацы рæстæджы, инвестици нывæрдзæн   электроаждæттæн телты, кæцы цуæрджытæм электроэнергийы  бдæттыны гъæд фæхуыздæр кæндзæн.

Алцыппæт æвæрццаг бандавдзæн  Комы  хъæуты  микро æмæ  лыстæг  бизнесы, сæ нымæцы, туристон  объектты рæстмæ куыстыл.  Инвестор афтæдæр  йæхимæ исы хæс, сараза бынæттон  рæзты  фонд, кæцыйы хыгъдмæ  æрвылазонæй  бахæсдзæн  120,000 ларийы. Проектты, кæцытæ  фæнысангонд фондæй   сфинанс уыдзысты, равзардзысты бынæттон  цæрджыты æууæнкджын  гоймæгтæ. Афтæдæр, иттæг нысаниуæгджын у  уый, цæмæй  фæнысангонд  проект   рæзын кæны а.х. «Цъæх энергетикæ»  кæцы  æрдзыл  минималонæй  ахады.

ФÆстаг азты Гуырдзыстоны  ист  закъондæттынадмæ гæсгæйæ,  кæцы   сеппæтæй  хуыздæр    практикæйыл æнцойæвæрд у, кæцыфæнды  энергетикон  объекты  саразынæн,  инвестор  барлæвæрд райсы, æрмæстдæр  тынг карз  æрдзхъахъънынадон  экспертизæйы  фæстиуæгæн.  Экономикæйы æмæ  æнæцудгæ райрæзты  министрад,  райы  диалогы фæндагæй, Панкисы  Комы бынæттон  цæрджытимæ  консессумæ  æрцæуын кæй  бантыст уыцы  фактимæ» –  банысангонд у фидиуæны.