Экономикæйы министрад – Гуырдзыстонæй экспорт рекордон æмвæзадыл ис, индикатор январ-апрелы 21.1% сырæзт
2026 азы январ-апрелы Гуырдзыстонæй экспорт сырæзт 21.1% æмæ 2 439.8 милуан АИШ доллармæ ахызт, кæцы у рекордон бæрæггæнæн. Уый фæдыл Гуырдзыстоны экономикæйы министрад фехъусын кодта.
Минитсрады информацийæ, апрелы бæрæггæнæнтæ дæр сты рекордон: уæвæг статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, апрелы мæйы экспорт ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 16,1% фæфылдæр æмæ 716,2 милуан АИШ доллармæ баххæсыд.
«Апрелы базарадон зилдух дæр ахызт рекордон бæрцмæ – 2197,1 милуан АИШ доллары, кæцы ивгъуыд азы æмбæлон периодимæ абаргæйæ 2,6% фылдæр у.2026 азы январ-апрелы базарадон зилдух фæфылдæр 1,7% æмæ 8132,1 милуан АИШ доллармæ баххæсыд.
Базарадон баланс дæр апрелы фæхуыздæр. Базарадон дефицит 2026 азы апрелы уыд 764,7 милуан АИШ доллары æмæ ивгъуыд азы апрелы абаргæйæ фæхуыздæр 143,8 милуан АИШ доллары.
Банысанкæнинаг у, цæмæй 2025-æм азы экспорты æмæ базарадон зилдухы рекордон бæрц уыд фиксиргонд. 2025-æм азы экспорт фæфылдæр ис 11,2% æмæ 7,3 млрд АИШ доллармæ баххæсыд, базарадон зилдухы та 10,5% фæбæрзонддæр ис æмæ 25,9 млрд АИШ доллармæ баххæсыд», -ис фыст.Информацийы.