Премьер-министры къухдариуæгæй коронавирусмæ гæсгæ архайæг æхсæнуагдонон координацион советы радон рабадт сырæзт.
Гуырдзыстоны хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, зæгъгæ рабадтыл, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани советы уæнгтæн бавдыста информаци, ома Италийы Гуырдызстоны минæварады тæвд хаххмæ адзырдта Италийы, горæт Витербойы цæрæг, Гуырдзыстоны æмбæстаг сылгоймаг, æцы фехъусын кодта, цæмæй йæм уыд бæрзонд тæвд.
Гуырдзыстоны консулад виппайды адзырдта Италийы æнæнизхъахъхъæды министрадмæ, цæй фæстæ дæр æмбæстагы тагъд медицинон куыст Ромы иуæй-иу клиникæмæ фæхæццæ кодта. Гуырдзыстоны æмбæстагæн сырæзт медицинон басгæрст ног коронавирусыл æмæ æхсæвы райсгæ дзуаппмæ гæсгæйæ, сылгоймагмæ фæбæрæг ис коронавирус. Æмбæстаг Ромы дохтырты цæстдарды бын ис, æмæ йын æмбæлгæйæ хос кæнынц. Йæ æнæниздзинады уавæр ацы этапмæ æвæрццаг у.
Министры куырдиатæй, Гуырдзыстоны минæварад Италийы Республикæйы æнæаскуынгæ контактыл ис, куыд йæхæдæг пациентимæ, афтæ йæ бинонты уæнгтимæ æмæ клиникæйы къухдариуæгадимæ.