Харьковы зылдон прокуратурæйы хъусинагæй, Харьковыл ракетон хафты фæстиуæгæн цæфты æхсæн  ис Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцы туркаг медиафæрæзы  кусæг у
Харьковы зылдон прокуратурæйы хъусинагæй, Харьковыл ракетон хафты фæстиуæгæн цæфты æхсæн ис Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцы туркаг медиафæрæзы кусæг у

Харьковыл  Уæрæсейы  ракетон  хафты  фæстиуæгæн цæфты нымæцы  ис Гуырдзыстоны æмбæстаг.  Уый фæдыл информаци  Харьковы зылдон  прокуратурæ  хъусын кæны. Фæстаг  бæрæггæнæнтæй  иууыл цъус  цæф сты 13 адæймаг.

«Фæцæф сты 13  адæймаг, сæ нымæцы Турчы æмбæстаг æмæ  Гуырдзыстоны æмбстаг, сæ дыууæ дæр  туркаг  медиайы  журналисттæ сты», – банысангонд у  прокуратурæйы фидиуæны.

Ракетон   хафт  фысымуаты комплексыл  сыххæст ис, кæцыйы  цауы  моментмæ  30 адæймаг уыд. Развæлгъау информацийæ, Харьковыл  хафт  сыххæст ис  С-300-ы  типы  ракетæтæй. Рагафон  информацийæ, Харьковыл  бырст  С-300-ы  типы  ракетæтæй  сыххæст кодтой.  Горæты мэры Игор Тереховы  хъусинагæй, фысымуаты  æрмæст  æмбæстагон уæнгтæ  уыдысты.